30 декабря 2024

Сергей МЕНЯЙЛО:  «НÆ НУРИ РАЗМÆЦУДИ НИСАНТИ СÆРБÆЛТАУ ГЪÆУАМА ЕУМÆЙАГÆЙ АРХАЙÆН!..»

20.05.2023 | 13:53

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло евгъуд  цуппæрæни исаразта аллианзон пресс-конференци. Аци ахсгиаг мадзал арæзт цæуй æртиккаг хатт. Æртæ сахатти æма æрдæги дæргъи нæ республики разамонæг æнхæст дзуæппитæ лæвардта дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти фарстатæн.

Æ дзуæппити сæйрагдæр гъуди ба адтæй: нуртæккæ нæ республики еугур къабæзти æнтæстгин размæцудæн дæр ес еугур равгитæ æма гæнæнтæ дæр, æцæг си æнхæстæй испайда кæнунæн ба гъæуй нæ еумæйаг еузæрдиуон архайд.

Пресс-конференций рæстæг ци берæ аллихузон фарсати фæдбæл цудæй дзубанди, уонæй еу адтæй Украини цæуæг сæрмагонд æфсæддон операций æма уой хæццæ баст хабæртти туххæй. Æма Сергей Меняйло уотæ загъта:

– Нæ кæстæр фæлтæрти абони патриотизми бундорбæл гъомбæл кæнун æй нæ ахсгиагдæр ихæстæй еу. Уомæн ес берæ гæнæнтæ, уой хæццæ, уотæ рауадæй, æма сæрмагонд æфсæддон операци дæр иссæй агъазиау гъæмбæладон-разæнгардгæнæг фæрæзнæ. еци операций архайгутæ абони æмбæлунцæ скъоладзаути хæццæ, сæ хæццæ дзубанди кæнунцæ æма патриотон гъомбæладæн уæхæн фæрæзнæй хуæздæр ма ци гъæуама уа? Ес нæмæ кадетон кълæстæ, кæд раздæр сæ исаразуни нихмæ дзоргутæ адтæй, уæддæр. Мадта намусгин тугъдон фæлтæри цæсгæнттæ абони ке уинæн алли рауæни дæр, «Æнæмæлгæ полк» ке аразæн, айдагъ уони ахедундзийнадæ цæйбæрцæбæл агъазиау æй!.. Æцæг еугур еци гъуддæгутæбæл гъæуй рæстзæрдæй дзорун, дæнцæнæн сæ кæстæрти размæ хæссун.

* * *

Сергей Меняйло хуæрзæрæги фембалдæй, сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг е ’фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй бæгъатæрæй ка фæммард æй, нæ еци тугъдонти хеуæнтти хæццæ.

 

ÆДЗАРД  БÆГЪАТÆРТÆН  СÆ  ХУÆРЗЕУГУТÆ  РАВАРДТОНЦÆ  СÆ  ХЕУÆНТТÆМÆ…

Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрæги фембалдæй, сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг сæ тугъдон ихæстæ æнхæстгæнгæй Цæгат Иристони тугъдонтæй ка фæммард æй, еци службæгæнгути бийнонти хæццæ. Зæрдхъурмæй  ратæфирфæс кодта æдзард бæгъатæрти хеуæнттæн.

– Сæ тугъдон ихæс аккаг хузи исæнхæст кодтонцæ. Нæ тугъдон службæгæнгутæ сæ цард равардтонцæ нæ бæсти æма нæ адæми æдасдзийнади сæрбæлтау. Мах сæ нæ зæрдити дардзинан, сæрустур си уодзинан, – загъта æ радзубандий республики Сæргълæууæг.

Æ радзубандий ма куд баханхæ кодта, уотемæй республикæ алливæрсуг агъаз кæндзæнæй, æдзард бæгъатæр тугъдонти бийнонтæн.

Не ’мзæнхон тугъдонтæ се ’фсæддон ихæстæ æнхæстгæнгæй лæгдзийнадæ æма æхсардзийнадæ ка бавдистонцæ, хебæл нæ ауæрдгæй сæ цард рæстуодæй ке иснивонд кодтонцæ знаги нихмæ тохи, уой туххæй Уæрæсей Федераций Президенти Указæй Бæгъатæрдзийнади ордентæ (сæ фæсмæрдæ) аккаггонд æрцудæнцæ: хестæр лейтенант Иван Каренгин, мичмæн Гъæргинти Аслан, хестæр прапорщик Харебати Азæмæт, старшинæ Хадати Нодар, хестæр сержант Михаил Гусев,  хестæр сержант Валерий Михайлов, кæстæр сержант Александр Хохлов, ефрейтор Касати Виталий, ефрейтор Урусти Альберт, рæнгъон Бæззати Анатолий, рæнгъон Дудайти Виталий æма рæнгъон Денис Чалов.

Сергей Меняйло син сæ хуæрзеугутæ кадгин уавæри равардта сæ хеуæнттæмæ.

Нæ уацхæссæг