20 апреля 2024

СИЛГОЙМАГИ СӔРӔНДЗИЙНАДӔ – ФАРНӔ ӔМА АМОНДХӔССӔГ!..

08.10.2021 | 14:48

Советон цардарӕзти тӕккӕ райдайӕни, 1920 анзи 25 августи байгон ӕй Терки облӕсти фӕллойнӕгӕнӕг силгоймӕгти фиццаг съезд. Е иссӕй агъазиау цау хуӕнхон силгоймӕгти царди – уомӕй райдӕдта уони разӕнгард архайд уӕди паддзахадон ӕма ӕхсӕнадон гъуддӕгути еугуреми дӕр.

Еци цауӕй фӕстӕдӕр 1966 анзи 4 октябри ба арӕзт ӕрцудӕй Цӕгат Иристони силгоймӕгти съезд. Архайдта си дуйней фиццаг силгоймаг-космонавт Валентинӕ Терешкова.

Аци съезди туххӕй ма, ӕвӕдзи, бӕлвурддӕрӕй дзордзинан, нур ба уой зӕгъуйнаг ан, ӕма абони дӕр силгоймӕгтӕ разӕнгардӕй архайунцӕ нӕ республики берӕвӕрсуг царди. Уой туххӕй ӕрмӕг кӕсетӕ 8-аг фарсбӕл.

Къари: Валентинӕ Терешкова, ӕ галеуӕрдигӕй ба Компартий обкоми уӕди фиццаг секретарь Хъӕбӕлоти Билар