06 октября 2024

ТЕРРОРИЗМ ÆМА ЭКСТРЕМИЗМИ НИХМÆ – КАРЗДÆР  МАДЗÆЛТТÆ

07.10.2023 | 22:40

Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйло ин разамунд лæвардта, уотемæй арæзт æрцудæй республики Терроризми нихмæ къамиси æмбурд. Мадзали архайдтонцæ бунæттон хецауади, барадæгъæуайкæнуйнади оргæнти, ахурадон уагдæнтти минæвæрттæ конференц-бастдзийнади хузи.

Æмбурди архайгутæ æма хунд адæм байгъустонцæ, идеологон терроризми нихмæ косæг специалисттæ ци ахурадон уагдæнтти бундорбæл ахур кæнунцæ, уони минæвæртти докладтæмæ. Дзубанди ма цудæй республики террористон къуæрттæ æма террористтæн агъазгæнгути нихмæ кусти фæстеугутæбæл.  Никки ма исбæрæг кодтонцæ уæлæнхасæн мадзæлттæ ахурадон уагдæнттæ террористон тасдзийнадæй багъæуай кæнуни къулумпитæ райеуварс кæнуни туххæй.

Æмбурди куд загътонцæ, уотемæй аци анзи райдайæнæй фæстæмæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий ахурадæ æма науки Министрадæ уæлæнхасæн мадзæлттæ аразуй, терроризми нихмæ мадзæлттæбæл дзуапдæттæг ахургæнгути, муниципалон службæгæнгутæ æма психологти цæттæдзийнадæ фæббæрзонддæр кæнунæн. Пълани ес ахуртæ исаразун рагацау деструктивон архайд базонуни туххæй, семинартæ исаразун психологтæн, цæстдард æма ауодуни специалисттæн, ахурадон уагдæнтти минæвæрттæн. Еци куст цæуй ахурадæ æма науки Министради пъланмæ æма региони терроризми нихмæ къамиси амундтитæмæ гæсгæ.

Къамиси иуонгтæ устур æргом раздахтонцæ террористон къуæрттæ æма террористтæн агъазгæнгути нихмæ кустмæ, уой хæццæ, миграцион фалдзоси дæр.

Еци еудадзуг архайди туххæй докладтæ искодтонцæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий медгъуддæгути министради экстремизми нихмæ центри хецау Багати Алан æма Республикæ Цæгат Иристон-Аланий национ политикæ æма æндагон бастдзийнæдти министр Бæгъиати Алан. Докладгæнгутæ баханхæ кодтонцæ, еци кусти сæ размæ ци ихæстæ æвæрд ес, уони исæнхæст кæнунæн ке фæййагъаз уодзæнæнцæ нацити  ’хсæн бастдзийнæдтæ ниффедар кæнуни мадзæлттæ. Уони туххæй Бæгъиати Алан куд фæббæрæг кодта, уотемæй республики куст цæуй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий адæмти  ’хсæн бастдзийнади программи фæлгæти, кæци арæзт æй 2025 анзмæ. Аци документ устур агъаз æй айдагъ адæмихæттити  ’хсæн бастдзийнæдтæ фæффедардæр кæнунæн, патриотизм рапарахат кæнунæн нæ, фал ма экстремизми фæззиндтитæмæ дæр цæстæ дарунмæ.

Бæгъиати Алан куд загъта, уотемæй августи министрадæ, æвзурст æрцудæй, æма 2024 анзи Нацити гъуддæгути федералон агентади субсиди райсдзæнæнцæ, уæлдæр ци программи туххæй загъта, уæдта, субъектти ци Паддзахадон национ стратегибæл цæуй архайд, уони фæлгæти мадзæлттæ аразунæн.

– «Фæлмæн хъаурæ»-йи еу хузæ æй республики хецаудзийнади оргæнти æмгустадæ национ-æхсæнадон еугæндти æма бунæттон динти организацити хæццæ. Еци куст арæзт цæуй, дууердигæй дæр кæрæдзей нимайгæй, – фæннисан кодта Бæгъиати Алан.

Е ма загъта, вазуггинбæл ке нимайуй æнæкоммерцион организацитæн агъаз – айдагъ аци анз си паддзахади  ’рдигæй агъаз лæвæрд æрцудæй субсидити хузи дууадæсемæн.

Æмбурди ма дзубанди цудæй, экстремизм æма терроризми нихмæ кусти ахедгæ хотух ке æй ахуради системи архайд, аллихузон рохситауæн, фæлладуадзæн æма æндæр уæхæн мадзæлттæ аразун. Анзи райдайæнæй нурмæ арæзт æрцудæй уæхæн мадзæлттæ 230-æй фулдæр, архайдтонцæ си аст мин адæймагемæй фулдæр.

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий ахурадæ æма науки министр Алибегти Эллæ радзурдта, террори нихмæ архайди республики фæзуати ахурадон уагдæнтти ци къулумпитæ  ’руагътонцæ, уони райеуварс кæнуни уæлæнхасæн мадзæлттæбæл. Куд загъта, уотемæй ахури анзи райдайæнмæ террори нихмæ мадзæлттæ исаразунæн ахурадон уагдæнттæн дехгонд æрцудæй 166 миллион соми. Е равардта фадуат уæлæнхасæн гъæуайкæнуйнади системитæй – видеоцæстдардæй, æнæнцойнæ сигнализацийæй, рохсæй сæ исефтонг кæнунæн.

Æмбурди хатдзæгтæмæ гæсгæ исфедар кодтонцæ æнхæстгæнæн хецауади æма бунæттон хеунаффæйади оргæнти республики фæзуати террористон тасдзийнади нихмæ кусти пълан.