19 апреля 2024

ТУГЪДИ ХЪАЗАУАТОНТÆН СÆ ЕУГУРЕЙ ХЪИАМÆТТÆ ДÆР ГЪÆУАМА НИМАД УОНЦÆ!..

21.01.2023 | 20:47

Мæскуйæй нæмæ исигъустæй æхцæуæн хабар: Паддзахадон Думæмæ хаст æрцудæй нæуæг закъони проект Устур Фидибæстон  тугъди архайгутæн Уæлахези бонмæ алли анз дæр 75 мин соми æхца федуни туххæй.

Аци агъаз лæвæрд цæудзæнæй Устур Фидибæстон тугъди инвалидтæн, реубæлдаргæ нисан «Ленингради блокади цæрæг» æма «Севастополи æртухсти цæрæг» кæмæ ес, еци архайгутæн æма,  Устур Фидибæстон тугъди рæстæг тугъди будури æ цардæмбал кæмæн фæммард æй, еци æфсæддон службæгæнгути седзæргæс силгоймæгтæн.

Ку зæгъæн, аци хабар æхцæуæн æй, фал уой хæццæ ба ма уой дæр зæгъуйнаг ан, æма кæдæй ардæмæ цæуй дзубанди, цæмæй паддзахади ’рдигæй агъазгонд цæуа, тугъд æ уæззау гъæдгинтæ ке карнæбæл ниууагъта æма абони «тугъдон сабийтæ» ке хонæн, уонæн дæр. Еци гъуддаг æнæмæнгæ исаразуйнаг ке æй, уобæл кæдæй æма кæдæй ардæмæ цæуй дзубанди, фал æ исæнхæст кæнунбæл ба æгириддæр неци арæзт цæуй. Е хъæбæр æнæраст гъуддаг æй, уомæн æма «тугъдон сабийти» банимайунæн æ ахедундзийнадæ айдагъ æхцатæй нимайгæ нæй, фал ма уомæн ес агъазиау гъомбæладон нисанеуæг дæр. Тугъди рæстæги уæззауæй-уæззаудæр уодуæлдайæй ка фæхъхъиамæт кодта Уæлахези сæрбæлтау, еци кæстæртæн Фидибæстæ аккаг хузи ку кадæ кæна æма уой абони кæстæртæ ку уинонцæ, уæд, баруагæс уи уæд, берæ лæдæрддæрæй ниссагъæс кæндзæнæнцæ, сæ цардвæндаг син ци хузи аразгæ æй, Райгурæн бæсти рази цæмæй ихæсгин æнцæ, уобæл.

Æма, гæрр, уой нæ лæдæрунцæ гъуддаг кæмæй аразгæ ’й, етæ?!. Уæдта еци «тугъди сабийтæ» уотæ берæ дæр ку нæбал æнцæ æма уони барæвдауни туххæй уоййасæбæл берæ æхцатæ дæр ку нæбал багъæудзæнæй…

Аци фарстабæл дзубанди бæргæ рагæй цæуй, фал гъæугæ хузи ба нерæнгæ лухгонд нæма ’рцудæй, алли рæуæнттæй фæстæтæрæгонд цæуй. Кæдмæ?..