12 ноября 2024

ТУХСТ АДӔМ ӔНӔ АГЪАЗ НӔ УОДЗӔНӔНЦӔ!..

28.02.2022 | 16:07

Иристони дзиллӕн хъӕбӕр сагъӕссаг ӕнцӕ Донбасси  ӕма Лугански республикити хӕццӕ баст хабӕрттӕ. Адӕм еузӕрдиуонӕй аразийӕй исӕмбалдӕнцӕ Владимир  Путини хъӕппӕреси фӕрци Уӕрӕсе Лугански ӕма Донецки Адӕмон Республикити хуӕдбарӕ паддзахӕдтӕбӕл ке банимадта ӕма сӕ хӕццӕ бадзурдтӕ дӕр ке исаразта, уобӕл.

Растбӕл нимайунцӕ, еци республикити цӕрӕг адӕми багъӕуай кӕнуни нисанеуӕгӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операци арӕзт ке ‘рцудӕй, уой дӕр.

Еци республикити нури уавӕртӕ уӕлдай сагъӕссаг ба уомӕй ӕнцӕ, ӕма си берӕ адӕм – уӕлдайдӕр силгоймӕгтӕ ӕма сувӕллӕнттӕ – фӕлледзӕги ‘нцӕ. Ӕма сӕ исиуазӕг кодтонцӕ куд Уӕрӕсей берӕ регионти, уотӕ Цӕгат Кавкази дӕр. Зӕгъӕн, Цӕгат Иристон фусун исуодзӕнӕй фондзсӕдӕ адӕймагемӕн.

Уой фӕдбӕл ӕрцудӕй арӕзт сӕрмагонд оперативон штаб. Уой ӕмбурдти фӕййархайунцӕ министрадтӕ ӕма ведомствити разамонгутӕ, уӕдта тухи ӕма цӕстдарӕг структурити минӕвӕрттӕ.

Ӕрӕги син ци ӕмбурд адтӕй, уоми ӕрдзурдтонцӕ, лигъд адӕми кӕми ӕрбунӕттон кӕндзӕнӕнцӕ, уобӕл, ӕндӕр уӕхӕн организацион фарстатӕбӕл.

Уӕрӕсей ӕнӕнгъӕлӕги уавӕрти министради Цӕгат Иристони Сӕйраг управлений хецау Александр Хоружий куд фегъосун кодта, уотемӕй министради специалисттӕ бӕрӕг кӕнунцӕ, лигъд адӕм кӕми ӕрбунӕттон уодзӕнӕнцӕ, еци объектти техникон уавӕр. Иннӕ ведомствити минӕвӕртти хӕццӕ ӕнгом ӕмархайд кӕнгӕй, лухгонд цӕунцӕ еугур исӕвзургӕ фарстатӕ дӕр.

Республики Хецауади Сӕрдари хуӕдӕййевӕг Туйгъанти Ларисӕ ӕ радзубандий куд баханхӕ уодта, уотемӕй Донбасси цӕргути рӕстӕгмӕ ӕрбунӕттон кӕнунӕн нисангонд еугур пункттӕ дӕр цӕттӕ уодзӕнӕнцӕ 10 мартъимӕ. Уой хӕццӕ, вице-премьери игъосункӕнуйнагмӕ гӕсгӕ, фиццаг кезуй республикӕ исиуазӕг кӕндзӕнӕй 500 адӕймагей бӕрцӕ.

Республики Хецауади Сӕрдар Дзанайти Барис ведомствити минӕвӕртти игъосункӕнуйнӕгтӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕй, профилон министрадтӕ ӕма ӕндӕр структурити разамонгутӕн байхӕс кодта, цӕмӕй амунд пункттӕ адӕми райсунмӕ цӕттӕдзийнади ӕмгъуд фӕрраздӕр кӕнонцӕ. Ӕ загъдмӕ гӕсгӕ, еци пунктти ка косдзӕнӕй, еци специалисттӕй уӕлдай иснисан кӕнун гъӕуй, багъӕуаги сахат уӕхӕн кустмӕ ка бавналдзӕнӕй, уӕхӕн адӕми радӕхӕссӕг къуӕрттӕ дӕр.


Донецки ӕма Лугански цӕргути уавӕр нӕ республики дзиллӕ сӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг ке есунцӕ, е лӕдӕрд ӕй.

Еуемӕй, мах адӕмӕн е ‘гъдӕутти хуарздзийнӕдтӕй еу  ӕй – иуазӕгуарзундзийнадӕ, тухст уавӕри ка бахауй, уомӕн ци гӕнӕн ӕма амал уа, уомӕй фӕййагъаз кӕнун, барӕвдаун. Иннемӕй ба, не ‘мзӕнхонтӕй беретӕн уоми ес хӕстӕгутӕ, ӕрдхуӕрдтӕ. Уой фӕдбӕл ӕрмӕг кӕсетӕ 16-аг фарсбӕл.