УӔ ЗӔРДИТИ ЦӔХӔР МАХ ТАВУЙ НУР ДӔР…
Иристони дзиллӕй немуцаг-фашистон гадзирахаттӕй ӕрбалӕборгути нихмӕ тохмӕ ка рандӕ ‘й ӕма си Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау ӕ цард хуӕрзӕригонӕй ка иснивонд кодта, уони ‘хсӕн хъӕбӕр берӕ адтӕй нӕ национ аййевадӕ ӕма литератури дессаги искурдиадӕгинӕй ка фескъуӕлхтӕй, уӕхӕн фӕсевӕд дӕр. Мӕнӕ дӕлдӕр ци ӕрмӕг мухур кӕнӕн, уой ӕ рӕстӕги ниффинста нӕ национ театралон аййевади зундгонд архайӕг Хугати Зарӕ. Кӕддӕр ма ’й мухур кодтан, фал ӕй уӕддӕр нӕуӕгӕй ӕримисӕн, нӕ Цитгин Уӕлахези 76-аг бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнгӕй. Махмӕ гӕсгӕ, уой аккаг ӕй, уомӕн ӕма си ирдӕй ӕвдист цӕуй, Ирон театри сценӕбӕл лӕгдзийнадӕй ӕнхӕст адӕймӕгути фӕлгонцтӕ ка ӕвдиста, етӕ. Фидибӕстӕ тӕссаг уавӕри ку бахаудтӕй ӕма сӕрӕндзийнадӕ бавдесун ку багъудӕй, уӕд ӕцӕг лӕгдзийнадӕ бавдистонцӕ, сӕ цардбӕл дӕр нӕ байаурстонцӕ…
Нӕ райгурӕн бӕстӕмӕ ӕрбалӕбурдта фудӕзнаг. Содзуй гъӕутӕ ӕма сахартӕ. Ӕгъатӕр тугъди цирен арт ниххуссун кӕнунмӕ советон адӕм сӕрустурӕй исистадӕнцӕ минкъийӕй-устурӕй. Тугъди будурмӕ ӕ хъӕболти рарвиста Иристон дӕр. Райгурӕн бӕсти размӕ сӕ ихӕс бафедунмӕ ирон театрӕй рандӕнцӕ Гусити Валоди, Дулати Алмахситт, Плити Грис, Хугати Самсон, Токати Асӕх, Хъуппети Мисост, Туати Андрей, Мӕлтъизти Разитӕ, уруссаг драмон театри артисткӕ Козати Таня ӕма театри администратор Хъодзати Заурбег.
Плити Грис, Токати Асӕх ӕма Хъуппети Мисост тугъди фӕсте сӕрӕгасӕй исӕмбалдӕнцӕ сӕ фидтӕлти уӕзӕгбӕл ӕма абони дӕр фӕрнӕйдзагӕй фӕллойнӕ кӕнунцӕ ирон культури райрӕзти сӕрбӕлтау.
Мадӕн байста сонт нӕмыг
йӕ фырты.
Дардмӕ йыл йӕ судзгӕ
цӕссыг тагъд.
Никуы ’рхауд йӕ буц
хъӕбулы цыртыл,
Уый кӕмдӕр ис уымӕл
зӕххыл сагъд…
Уӕдӕй нурмӕ дзӕвгарӕ рӕстӕг рацудӕй. Бадзӕбӕх ӕнцӕ тугъди гъӕдгинтӕ. Кӕддӕр сау фунук ци гъӕутӕ ӕма сахартӕ фестадӕнцӕ, уони бӕсти арӕзт ӕрцудӕнцӕ нӕугутӕ, райдзастдӕртӕ, рӕсугъддӕртӕ. Нӕуӕг гъӕутӕ ӕма сахарти лӕуунцӕ бӕрзонд ӕнсувӕрон ингӕнтӕ. Ӕнсувӕрон ингӕнти ӕмхузонӕй бӕгъатӕрти фарсмӕ нигӕд ӕнцӕ ирон артисттӕ дӕр.
Уӕдӕй нурмӕ дзӕвгарӕ рӕстӕг рацудӕй. Фал еунӕг бон, еунӕг усми дӕр нӕ фӕххецӕн ӕнцӕ махӕй, нӕ зӕрдити азӕлунцӕ сӕ нӕмттӕ, нӕ цӕститӕбӕл уайуй сӕ рӕсугъд хузӕ.
Мӕ рази бабӕй ӕрӕвардтон сӕ къартӕ. Кӕсун сӕмӕ. Кӕсунцӕ мӕмӕ етӕ дӕр. Сӕ фӕлмӕн цӕстингас, рӕвдаугӕ дзурд, ездон рацуд, ӕхседгӕ гъазт сценӕбӕл зундгонд ӕнцӕ адӕмӕн. Фал мӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ бафӕндадтӕй нӕуӕгӕй уони туххӕй радзорун. Хуарз адӕймаги туххӕй ӕнгъезуй ахид дзорун. Неке си истухсдзӕнӕй. Цӕй, мадта байгъосетӕ. Къартӕ мӕ рази куд ӕвӕрд рауадӕнцӕ, уотӕ райдайдзӕнӕн.
ГУСИТИ ВАЛОДИ
Уогӕ ба ци дессаги игъӕлдзӕг, хӕларзӕрдӕ адтӕй Валоди! Ристӕй ӕ зӕрдӕ адӕми ристӕй, цийнӕ кодта адӕми цийнӕбӕл. Зин уавӕрти исгъомбӕл ӕй. Фал нӕ басастӕй ӕ нифс. Ӕнӕ хӕдонӕй дардта кӕрцӕ, скъудтӕ къелтӕ, тӕппалтӕ къахӕй хургин хуӕнхаг нӕдтӕбӕл цудӕй заргӕ. Цума зудта, фӕстӕдӕр ирон театралон аййевади уаргъ уой усхъитӕбӕл дӕр ке ӕрӕнцайдзӕнӕй, уой.
Ирон адӕмӕн дӕр барӕ равардтонцӕ сӕхе театр байгон кӕнун. Театралон студимӕ равзарун гъудӕй аккаг фӕсевӕд. Уони хӕццӕ бахаудтӕй Валоди дӕр. Фун фӕууинӕгау имӕ фӕккастӕй аци гъуддаг. Мӕску…
Райдӕдтонцӕ ахури бӕнттӕ. Хӕлӕфӕй, зудӕцӕстӕй ахӕста устур уруссаг сцени дӕснидӕр минӕвӕртти фӕлтӕрддзийнадӕ. Айдагъдӕр ин е байгон кодтайдӕ урух фӕндӕгтӕ ирон фиццаг сценӕмӕ. Ци нӕ зудта, уомӕй ахургӕнгути бафӕрсунмӕ некӕд бафсӕрми кодта. Ӕма ахури бӕнттӕ кодтонцӕ сӕ куст – рӕдауӕй ӕфтаугӕ цудӕнцӕ ӕригон биццеуи зонундзийнӕдтӕ. Алли гъуддагӕн дӕр райдайӕн ӕма кӕрон ес: фӕцӕнцӕ студий ахури ӕнзтӕ. Ӕхецӕн берӕ хӕлӕрттӕ искӕнгӕй, берӕ зонундзийнӕдтӕ райсгӕй, исӕздахтӕй Валоди. Устур Мӕскуйӕй ӕ минкъий Иристонмӕ цийнӕй ӕфсес зӕрди исхаста рӕсугъд аййевадӕ.
Ӕма байгон ӕй фиццаг ирон театри ӕмбӕрзӕн. Е хумӕтӕги цау нӕ адтӕй. Е адтӕй ирон культури бӕрӕгбон. Цийнитӕн, арфитӕн кӕрон нӕбал адтӕй. Еци арфити еу хай хаудтӕй Валодимӕ дӕр.
Ирон театрмӕ кӕсӕг нӕ фӕффудӕнгъӕл ӕй. Е ’рвист минӕвӕрттӕ рауадӕнцӕ зӕрди фӕндон, исхастонцӕ син аккаг лӕвар. Театр ӕвдесуй еу спектакль инней фӕдбӕл. Аллихузи сорӕттӕ дзубанди кӕнунцӕ сценӕй. Еу спектаклӕй иннемӕ аллихузи адӕймӕгути хузи рацӕуй сценӕмӕ Валоди дӕр. Уомӕн ӕ иуӕнгти конд, асӕ ӕма дзурд фадуат лӕвардтонцӕ романтикон адӕймӕгути фӕлгонцтӕ исаразунӕн. Уой ӕмрӕнгъӕ ӕ бон адтӕй игъӕлдзӕг рольти гъазун дӕр.
Валодий искурдиадӕ ӕхе ирддӕрӕй-ирддӕр ку ӕвдиста, адӕм имӕ еу спектаклӕй иннемӕ цӕмӕдесӕй ку райдӕдтонцӕ цӕун, уӕд райгъустӕй ӕнамонд хабар – нӕ Райгурӕн бӕстӕмӕ ӕрбалӕбурдта фудӕзнаг. Лӕгти фарсмӕ ӕрлӕуун гъудӕй лӕгӕй. Ӕма Валоди ӕ уӕле искодта ӕфсӕддон дарӕс. Цалдӕр мӕйи райахур кодта Дербенти бастдзийнади скъолай. Еу бон командир рӕнгъӕ ралӕуун кодта ӕфсӕддонти:
– Уӕхуӕдтӕ игъосетӕ хабӕрттӕ, – райдӕдта дзорун командир. – Содзуй Севастополи зӕнхӕ. Нӕбал ес фӕстеуатгӕнӕн…
Командири дзурдтӕ ӕнцон балӕдӕрӕн адтӕнцӕ курсанттӕн. Ӕма размӕ еу къахдзӕф ракодта Валоди. Еци къахдзӕф ӕвдиста, намуси сахар фӕййервӕзун кӕнунмӕ цӕттӕ ке ӕй, уой. Курсанттӕй еу ӕрбалӕудтӕй Валодий фарсмӕ. Уалинмӕ дуккаг, ӕртиккаг… ӕма уотемӕй еугурӕй дӕр.
Севастополӕй Валоди финста ӕ цардӕмбал Венерӕмӕ: «Зӕнхӕ содзуй, цӕхӕр калуй. Нӕ зонун, ци уодзӕнӕй абони. Знаг цъамар ӕма ӕгъатир ӕй. Некӕбӕл ӕма нецӕбӕл ауӕрдуй. Фал нӕ сӕртӕ не ’руадздзинан. Тохӕн райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау…»
Е адтӕй Валодий фӕстаг пъисмо ӕ уарзон бийнойнагмӕ.
Севастополь рӕстӕгмӕ ниууагътан. Фиццагидӕр сӕребарӕ зӕнхӕмӕ ӕрветун гъудӕй зӕрӕндти, сувӕллӕнтти, цӕф ӕфсӕддонти. Ӕхуӕдӕг дӕр бӕститӕ адтӕй, уотемӕй цӕфти хаста биржӕмӕ. Фал хӕстӕг рауӕн фехалдӕй знаги бомбӕ. Е схъестӕй еу исуадӕй Валодий реубӕл. Лӕхъуӕн ӕрхаудтӕй. Ӕ цӕнгтӕ фӕйнердӕмӕ, уотемӕй, цума ӕ райгурӕн зӕнхӕн хъури кодта, уой хузӕн. Ӕ сӕрбӕл хӕрдмӕ исхуӕстӕй ӕма кастӕй размӕ. Еци сахат уомӕ цирен арти ӕхсӕнӕй зиндтӕй Уӕлахез…
Фал ӕй нӕбал фӕууидта.
ХУГАТИ САМСОН
Мӕскуй ахур кӕнгӕй, дзурд зӕгъунӕй ездон ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ е ’мбӕлтти ’хсӕн бӕрӕг дардта. Ӕ цийнӕ дӕр адӕми хузӕн ӕргом кӕнун нӕ фӕразта. Ӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ дӕр уӕхӕн мадзора ке адтӕй, уой нӕ хестӕртӕ фӕимисунцӕ.
Гурдзий меньшевиктӕ фӕллойнӕгӕнӕг адӕми Къударгомӕй ку исистун кодтонцӕ, уӕд цардагор беретӕ рацудӕнцӕ Цӕгат Иристонмӕ. Ледзӕг адӕм цудӕнцӕ уазал ӕма стонгӕй зин нӕдтӕбӕл. Сӕхе агъазӕнгъӕл, къӕбӕргор, ци гъӕутӕбӕл бафӕдзахстонцӕ, уоми минкъий Самсони къуӕтти ӕнгъӕл адтӕнцӕ. Ӕ тӕрегъӕдӕй зӕрдихӕлд кодтонцӕ беретӕ. Заманай сувӕллон къуӕттийӕн ӕвгъау ӕй, зӕгъгӕ.
Ӕ мӕскуйаг ахургӕнгутӕ ин уӕлдай аргъ уомӕн кодтонцӕ, ӕма, мадзора уогӕй, алцидӕр ӕ зӕрдӕбӕл ке дардта, уомӕ гӕсгӕ. Еу фӕззилд, еу дзурд, еу архайд ӕнӕ рагъуди кӕнгӕй ке нӕ кодта. Ӕхе, е ’мбӕлтти, ӕ ахургӕнгути гъезӕмарӕй рамаридӕ, цалинмӕ, ци сорӕт райсидӕ, уой лӕмбунӕг балӕдӕрдтайдӕ ӕма рартастайдӕ, уӕдмӕ.
Самсон уарзта рӕстдзийнадӕ. Царди ездон адтӕй. Сценӕй дӕр тох кодта мӕнгархайд, мӕнгӕ дзурди нихмӕ. Ӕ хуӕрзӕгъдау менеугутӕ хаста сценӕбӕл архайгути меддуйнемӕ дӕр. Е гъазта каргун адӕми, партион косгути рольтӕ. Адтӕй комедион артист дӕр. Хумӕтӕги нӕ фӕззӕгъунцӕ: артист цӕйбӕрцӕбӕл искурдиадӕгин ӕй, уой базонун дӕ кӕд фӕндуй, уӕд ин рагъазун кӕнӕ игъӕлдзӕг роль. Уогӕ Самсони комедион унбӕл архайун дӕр нӕ гъудӕй. Е сорӕттӕ уотӕ аразта, ӕма сӕмӕ ӕнӕ ходгӕй кӕсӕн нӕ адтӕй. Амондгун худта ӕхе Самсон, ӕ фӕрнӕйдзаг куст адӕмӕн ӕхцӕуӕндзийнадӕ ке хаста, уой туххӕй.
Уалинмӕ зӕнхӕ базмалдӕй. Искурдиадӕгин артисти багъудӕй тугъди будурмӕ рандӕ ун. Ӕма уоми равардта ӕ зӕрди цӕхӕр ӕнхӕстӕй ӕ уарзон дзилли сӕрбӕлтау.
ДУЛАТИ АЛМАСИТТ
Ирон минкъий гъӕу Нартӕй ахур кӕнунмӕ устур Мӕскуй балӕудтӕй Дулати Алмахситт дӕр. Сӕрустур си адтӕнцӕ ӕ гъӕубӕстӕ. Рӕсугъдӕй фӕцӕй театралон студи. Косун райдӕдта.
Нартигъӕуккӕгтӕ ирон театр «Алмахситти театр» дӕр хонун райдӕдтонцӕ. Абони дӕр си нӕ иронх кӕнуй уӕхӕн цау: театр гъӕумӕ ку ниццудӕй, уӕд гъӕунгӕй-гъӕунгӕмӕ ниййазӕлдӕй гъӕргӕнӕги гъӕлӕс:
«Хуарз адӕм, нӕ фегъустон маке зӕгъӕд! Сахарӕй нӕмӕ ӕрцудӕй Алмахситти театр. Изӕри нин дессӕгтӕ ӕвдесдзӕнӕй ӕма исаккаг кӕнетӕ!»
Ирон театралон аййевадӕ адӕммӕ бахъӕртун кӕнуни сӕрбӕлтау Алмахситт цийфӕнди зиндзийнӕдтӕн дӕр ниббухстайдӕ. Куста уодуӕлдайӕй е ’сфӕлдистадон дӕсниадӕ бӕрзонддӕр кӕнунбӕл. Адӕми ӕууӕнкӕ устур амонд ӕй. Гъӕуи фӕсевӕд е ’рцӕунмӕ сӕ били цъӕрттӕ хуардтонцӕ. Ку фӕззиннидӕ – фӕндури цагъд гъӕуи сӕрӕй гъӕуи бунмӕ райгъусидӕ. Зӕрӕндтӕ кӕрӕдзей рафӕрсиуонцӕ, Дулатӕбӕл циуавӕр цийни хабар исӕмбалдӕй, зӕгъгӕ. Ӕма дзуапп раттиуонцӕ иннетӕ, Алмахситт син сахарӕй ӕрцудӕй.
Дзорунцӕ, зӕгъгӕ, дан, Алмахситт «Дууӕ хуӕри» Касали-фурти роли ку гъазидӕ, уӕд, дан, айдагъ театрдзаутӕ нӕ, фал артисттӕ дӕр фӕссценӕй уомӕ кӕсгӕй ходӕгӕй мардӕнцӕ. Хумӕтӕги сорӕттӕ исаразунмӕ уомӕй дӕснидӕр уӕд ирон театри неке адтӕй.
Ӕмгаргин адтӕй. Адӕми хӕццӕ уарзонӕй фӕццардӕй. Ӕма ӕхе уомӕй амондгун худта.
Цийфӕнди знаг тугъд ку нӕ расайдтайдӕ, уӕд ӕ уарзон кизги хӕццӕ ци амондгун адтайуонцӕ! Нӕ байзадайдӕ киндзи кирӕ цӕрӕнбонтӕмӕ ӕфснайдӕй. Алмахситт ӕ уарзонмӕ Мӕскумӕ ниффинста уӕхӕн фӕстаг нистауӕн:
«Ӕрӕгӕмӕ ку зиннон, уӕд фӕццо мӕ мадӕ ӕма мӕ фидӕмӕ. Кӕд тагъд зиннон, уӕд еумӕ цӕудзинан Иристонмӕ. Еци рӕстӕг кизгӕ Алмахситти мадӕ Зенатмӕ ниффинста: «Мӕхуӕдӕг дӕр тугъди цӕхӕри бахаудтӕн, уомӕй уӕлдай Миши (ӕнцондӕрӕн ӕй уотӕ худтонцӕ ӕ уруссаг ӕмбӕлттӕ) фӕдзӕхст ӕнӕ банхӕст кӕнгӕй нӕ ниууагътайнӕ. Куд мӕ фӕндадтӕй сумах хӕстӕгмӕ базонун, сумах хӕццӕ адгинӕй фӕццӕрун, уӕ уорссӕр хуӕнхтӕн нихъхъури кӕнун – Мишӕ мин сӕ мӕхе райгурӕн къуми хузӕн бауарзун кодта»…
Алмахситт фӕммард ӕй Украини зӕнхӕбӕл Киеви бунмӕ. Е ’нсувӕртӕ Елбиздухъо ӕма Александр дӕр хӕдзарӕбӕл нӕбал исӕмбалдӕнцӕ. Дзӕгъӕлӕй байзадӕй мадӕ е ’ртӕ гуппурсар фуртемӕй. Ӕртӕ цирти ниссадзун кодта фӕрсӕй-фӕрстӕмӕ.
КОЗАТИ ТАНЯ, МӔЛТЪИЗТИ РАЗИТӔ
Таня ӕма Разити адӕм зудтонцӕ циргъзунд, дзурдарӕхст, игъӕлдзӕг, цардмондаг кизгуттӕй. Сӕ дууемӕн дӕр сӕ искурдиади цӕхӕр кӕронмӕ ку раргом адтайдӕ, уӕд уонӕй рауадайдӕ дессаги артисткитӕ.
Сӕ дууемӕн дӕр сӕ бӕллец адтӕй Лопе де Веги пьесӕ «Овечий источник»-и Лауренсияй роль рагъазун. Аци тухгин сорӕт сӕхецӕн райстонцӕ фӕнзуйнагӕн. Таня еу хатт Мӕскумӕ ӕ лимӕн Бритъиати Зариффӕмӕ уотӕ финста: «Ци хъӕбӕр мӕ фӕндуй Лауренсияй роль рагъазун! Уой мин ку бабарӕ кӕниуонцӕ театри режиссертӕ, уӕд мӕхе амондгунбӕл нимайинӕ».
Уӕхӕн бӕллецти хӕццӕ цардӕй Разитӕ дӕр. Айдагъдӕр ин, студий ахур кӕнгӕй, бантӕстӕй еци Лауренсияй сӕйраг монологтӕй еуебӕл бакосун. Ӕма уомӕй дӕр ӕхе худта амондгун. Еци монологӕй Разитӕ баууӕндун кодта ӕ ахургӕнгути, артисткӕ си ӕнӕмӕнгӕ ке рауадайдӕ, уобӕл.
Берӕ фӕндитӕ адтӕй дууӕ кизгемӕ. Сӕ къохи ци сорӕттӕ исаразун бафтудӕй, етӕ кӕд берӕ нӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр агайдтонцӕ театрмӕ кӕсӕги зӕрдӕ. Фал сӕ фӕндадтӕй хъӕбӕрдӕр, никки хуӕздӕр косун. Нӕбал син бантӕстӕй. Иристони зӕнхӕмӕ немуцаг фашисттӕ ку ӕрбахъӕрдтӕнцӕ, уӕд балӕвардтонцӕ сӕ курдиӕттӕ, фронтмӕ сӕ цӕмӕй ракӕнонцӕ, уой туххӕй. Ӕма райстонцӕ аразий дзуапп.
…Разитӕ ӕма Таня цӕунцӕ Мӕздӕгмӕ. Сӕ размӕ ес уоми знаги хъауритӕ исбӕрӕг кӕнуни ихӕс. Ниццудӕнцӕ Зӕронд Бӕтӕхъой гъӕуи уӕнгӕ ӕма рахуӕстӕнцӕ цӕгатӕрдӕмӕ. Зудтонцӕ, зӕнхи аллирауӕн минитӕ римӕхст ке ес, уой. Еуебӕл си ниллӕудтӕ – дӕ фудгол уотӕ. Ӕсгаргӕ, гъавгӕй нихъхъӕрдтӕнцӕ нисангонд бунатмӕ.
Уотӕ сӕ еу ӕма дууӕ хатти нӕ багъӕуидӕ минити ’хсӕнти знаги къилдунмӕ бацӕун. Цалдӕр хатти сӕ багъӕуидӕ зӕронд уостити дарӕси рауайун Мӕздӕги гъӕунгти, знаги алли дзубандимӕ дӕр къӕрцгъос уогӕй. Таняйӕн, скъолай немуцаг ӕвзаг ке ахур кодта, е хъӕбӕр фӕййагъаз ӕй. Кӕддӕр ӕй тӕхӕг исун дӕр фӕндадтӕй, фал ин ӕ гъудитӕбӕл фӕууӕлахез ӕй артисти дӕсниадӕ. Ӕма нур хъӕбӕр хуарз гъазуй царди вазуггин роль.
Гъо, фал хӕрхӕмбӕлд фӕцӕнцӕ немуцаг патрультӕбӕл ӕма нӕбал бафтудӕй сӕ къохи рандӕун.
Талингӕ акъоппи дӕр сӕ хъаурӕ нӕ басастӕй: «Мах гъӕуама игъӕлдзӕг уӕн мӕлӕтмӕ цӕугӕй дӕр. Уадзӕ ӕма нӕ игъӕлдзӕг ӕнгӕсӕй масти дзӕкъолау, ниддунсонцӕ лӕгсирдтӕ. Гӕрр, артисткитӕ кӕдӕй нурмӕ нӕбал ан?» – дзурдтонцӕ акъоппи кӕрӕдземӕн Таня ӕма Разитӕ.
Райстонцӕ мӕлӕт знаги къохӕй – Мӕздӕги сӕ фӕзи ниййауигътонцӕ.
ХЪОДЗАТИ ЗАУРБЕГ
Театри сӕйраг бундор, ӕ астӕуи хъанз, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, актертӕ ’нцӕ. Фал уони куст цӕмӕй рӕвдзӕдӕр цӕуа, е берӕ аразгӕ ‘й театри администраторӕй. Еци куст беретӕ Заурбеги хузӕн нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ. Сӕрмагондӕй ибӕл ахур не ’скодта, фал театрбӕл ӕновуд ке адтӕй, уой туххӕй бацудӕй еци бунатмӕ. Артистти ӕгириддӕр нецӕбӕл уагъта мӕтӕ кӕнун. Абони дӕр хуарзӕй имисунцӕ, Заурбеги рӕстӕг театри ци ӕгъдау ӕвӕрд адтӕй, уой. Цӕрдӕг, хӕдзардзин ӕма амалгъон ке адтӕй, уомӕй ӕмбесондӕн байзадӕй.
Хестӕртӕ ма нур дӕр фӕдздзорунцӕ: «Заурбег гъӕутӕй сахармӕ спектакль фӕууинунмӕ зӕрӕндти еу ӕма дууӕ хатти не ’сласидӕ. Спектакли фӕсте ба сӕ сӕ хӕдзӕрттӕбӕл исӕмбӕлун кӕнидӕ.
Тугъдон лӕги карӕй рахизтӕй, уотемӕй барвӕндонӕй рандӕ ‘й знаги нихмӕ тох кӕнунмӕ. Ӕнауӕрдгӕй тох кодта ӕ хӕццӕ. Бавзурста уацайраги ӕфсойнӕ дӕр. Бахаудтӕй цӕфӕй украинаг бийнонтӕмӕ. Ӕхе бӕдоли хузӕн ӕй исиуазӕг кодтонцӕ. Уӕд финста ӕ хуӕрӕ Нинӕмӕ: «Ӕз цӕфӕй хъанӕй лӕуун украинаг хӕдзари. Еци бийнонтӕ мӕнбӕл куд ауодунцӕ, е дессаг ӕй… Цӕмӕй фӕууӕлахез уӕн, уой туххӕй мацӕбӕл байауӕрдетӕ…»
Заурбег ку фӕссӕрӕн ӕй, уӕд ӕхе исбаста Полесьей партизанти хӕццӕ ӕма сӕ хӕццӕ фехалидӕ знаги эшелонтӕ, рӕмугъта хедтӕ, сугъта тохӕндзаумӕутти скълӕдтӕ, цагъта фашистти.
Е 1943 анзи октябри ӕ пъисмой седтӕй Иристони фӕсевӕдмӕ: «Мах Полесьей цъимарати тох кӕнӕн цифуддӕр знаги нихмӕ. Сумах дӕр нин фӕййагъаз кӕнетӕ, Ири лӕхъуӕнтӕ. Тох кӕнетӕ знаги нихмӕ Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау, уӕ хъауритӕбӕл нӕ ауӕрдгӕй».
Бӕгъатӕрӕй фӕммард ӕй Заурбег, знӕгтӕй берети батардта мӕрдтӕмӕ ӕ разӕй.
ТУАТИ АНДРЕЙ
1941 анзи 22 июни Ирон театри дуккаг студий ахургӕнуйнӕгтӕн гъӕуама адтайдӕ фӕстаг зӕрдӕбӕлдарӕн гъазт-изӕр. Кизгӕй – биццеуӕй еугурӕйдӕр адтӕнцӕ игъӕлдзӕг. Ӕма куд нӕ! Исӕнхӕст ӕй сӕ бӕллец. Багулф кӕндзӕнӕнцӕ ирон театри артистти ’хсӕнмӕ ӕма профессионалон сценӕй адӕмӕн фӕккӕндзӕнӕнцӕ сӕ зӕрдибун дзубандитӕ…
Фал цардӕфсес фӕсевӕдӕн фехалдӕнцӕ сӕ рӕсугъд игъӕлдзӕг фӕндитӕ. Фудбони тугъд син сӕ ранихъуардта.
Ӕнкъард гъудити хӕццӕ сӕргубурӕй дзӕвгарӕ фӕббадтӕй е ’мбӕлтти ’хсӕн Андрей. Кизгутти уомӕл цӕститӕмӕ кӕсгӕй исдзурдта: «Ци хъӕбӕр мӕ фӕндуй сумах ӕхсӕн зӕронди бонмӕ ку фӕккосинӕ, е!» Уӕд ин кадӕр уотӕ зӕгъуй: «Андрей, тугъд берӕ нӕ уодзӕнӕй ӕма бабӕй еумӕ уодзинан».
Фал етӕ адтӕнцӕ нифсӕвӕрӕн дзубандитӕ. Тагъд рӕстӕги Андрейи багъудӕй е ’мбӕлттӕн хуӕрзбон зӕгъун ӕма тугъди будурмӕ рандӕ ун.
Андрейӕн студий ахур кӕнгӕй, бантӕстӕй еуцалдӕр роли рагъазун. Уӕлдай хуӕздӕр ин рауадӕнцӕ Гусеви пьесӕ «Кад»-и Мартынови ӕма Дзанайти Ивани (Нигери) пьесӕ «Къоста»-й адъютанти рольтӕ. Дзорунцӕ, ка ’й зудта етӕ, адъютанти роли уорс цохъай ку рацӕуидӕ, уӕд зали бадӕг адӕм ӕмхузонӕй сӕ бунӕтти базмӕлиуонцӕ, уотӕ хуарз федудта сценӕбӕл.
Ӕма еци гурведауцӕ, ӕхседгӕ зӕрдӕ Андрей тугъди азари бахаудтӕй. Кӕдӕй рандӕ ‘й тугъдмӕ, уӕдӕй еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте си исигъустӕй сау хабар.
Уобӕл фӕдтӕн мӕ цубур радзубанди, нӕ еугуремӕн дӕр хъазар ка адтӕй, абони нӕ сӕртӕ бӕрзонд кӕмӕй хастайанӕ, еци артисттӕ Валоди, Самсон, Алмахситт, Таня, Разитӕ, Заурбег ӕма Андрейи туххӕй. Сӕ рохс цӕсгӕнттӕ, сцени ци фӕлгонцтӕ исаразтонцӕ, етӕ алкӕддӕр уайдзӕнӕнцӕ нӕ цӕститӕбӕл, сӕ нӕргӕ гъӕлӕс игъусдзӕнӕй нӕ гъости, игъосдзинан син нӕ фарсмӕ сӕ зӕрдити цӕф.
1973 анз.