06 октября 2024

УÆ ДОКУМЕНТТÆ РАГАЦАУ БАЦÆТТÆ КÆНЕТÆ!..

29.09.2020 | 19:40

Хæстæгдæр æнзти сæ пенсион карæ кæмæн ралæудзæнæй, еци нæлгоймæгтæ (1960-1962 æнзти игурд) æма силгоймæгти (1965-1967 æнзти игурд) рагацау гъæуй бацæун Пенсион фонди фæзуати дæлхайæдтæмæ, цæмæй син рагацау райдайуонцæ цæттæ кæнун гъæугæ документтæ.

Уæхæн игъосункæнуйнаги хæццæ радзубанди кодта Уæрæсей Федераций Пенсион фонди цæгатиристойнаг хайади пресс-службæ.

Æ минæвари дзубандимæ гæсгæ, Пенсион фонди дæлхайадæмæ бавдесун гъæуй уæхæн документтæ: паспорт, фæллойнадон киунугæ, æфсæддон билет, къайади (кенæ æ фехалуни) туххæй æвдесæндар, сувæллæнтти райгурди туххæй æвдесæндартæ, ахуради туххæй гæгъæди.

Специалисттæ куд  зæгъунцæ, уотемæй фæдзæхстадон пенси иснисан кæнуни гъуддагбæл ахедунцæ берæ аллихузон æууæлтæ.

Еци гъуддаги сæрмагонд нисанеуæг ес аллихузон документтæн. Зæгъæн, пенси иснисан кæнуни туххæй хе бахатгæй, специалисттæ еу кенæ иннæ адæймаги фæллойнадон киунуги рабæрæг кæнунцæ рæдудтитæ æ кусти æмгъудти туххæй, кенæ ба æнхæст бæрæггæнæнтæ нæ фæууй, адæймаг æ фæллойнадон архайди рæстæг тæккæ бæрзонддæр мизд кæд иста, еци æмгъудти туххæй. Ке зæгъун æй гъæуй, еци æма иннæ уæхæн ахсгиаг бæрæггæнæнтæ исбæлвурд кæнунæн багъæуй дзæвгарæ рæстæг. Æма еци гъуддæгутæ ба еуцæйбæрцæдæр фæкъкъулумпи кæнунцæ пенси афойнадæбæл æма æнхæстæй иснисан кæнуни гъуддаг.

Еугур еци æууæлтæ хинцгæй, Пенсион фонди специалисттæ рагацау райдайунцæ, нурма косгæ ка кæнуй, фал æ пенсион кари æмгъуд кæмæн æрбахæстæг æй, еци адæми «пенсион гъуддаг» аразун. Еци цæттæгæнæн куст рагацау æнхæстгонд ку æрцæуа, уæд адæймаг æ пенси афойнадæбæл æнæкъулумпийæй есун райдайдзæнæй.

Еугур уæлдæр амунд фарстати фæдбæл Пенсион фонди специалисттæ лæмбунæг дзуæппитæ радтунмæ æнцæ цæттæ. «Комкоммæ бастдзийнади» линимæ бадзорæн ес уæхæн номерæй: 51-80-92.