«УÆ НÆУÆГ ЦÆРÆНБУНÆТТИ АМОНДГУН ÆМА ФÆРНÆЙДЗАГ УОТÆ!..»
Бюджети къабази косæг адæмæй уæлбарæ лæггæдтæ ка есуй, уонæй 110 бийнонтемæн равардтонцæ дæгъæлтæ, Кироваг къурсантти гъæунги ци цæрæнуатон комплекс фæззиндтæй, уоми нæуæг фатертæй.
Берæфатерон хæдзари фалдзостæ барæвдзæ кодтонцæ нæуæг цæргути æрбацудмæ. Хæдзарæ лæвæрд æрцудæй хуæрзцæттæй, цæрунæн си цидæриддæр гъæуй, уомæй æнхæстгондæй.
Амондгун цæргутæн сæ цийнæбæл бацийнæ кæнунмæ æрбацудæй Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куд загъта, уотемæй ин нæуæг анзи райдайæни æхцæуæн æй нæуæг фатерти хецæуттæн зæрдибун арфитæ ракæнун.
– Аци вазуггин рæстæг уин хуарз фæуунæн махæй аразгæ ци æй, уой искодтан. Граждæнти цард фадуатгиндæр искæнун нæ ихæс æй, бустæгидæр ба цæрæнуæтти фарста бустæги уæззау кæмæн æй, уонæн. Аци гъуддæгутæ æнхæстдæрæй аразун ба нæ къохи бафтуйдзæнæнцæ программæ «Уæрæсейаг бийнонтæн цæрæнуæттæ»-йи фæрци. Фатерти аргъ, базаради æргъти хæццæ рабаргæй, зингæ ниллæгдæр рауадæй. Уæ нæуæг цæрæнбунæттæ амондæй, фарнæй идзаг уæнтæ, уæ синхæгти хæццæ кæрæдзей лæдæргæй куд цæрайтæ!..
Берæфатерон хæдзари арæзтадæ банимайæн ес, республикон паддзахадон программæ «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий граждæнти асландæр æма фадуатгиндæр фатертæй исефтонг кæнун»-и æнхæст кæнуни архайди дуккаг къæпхæнбæл. Е фадуат равардта, цæмæй граждæнти хецæн къуæрттæ фатертæ райсонцæ 20 проценти асландæрæй.
Фарæ программæмæ гæсгæ арæзт æрцудæй æртæ берæфатерон хæдзари, сæ еумæйаг фæзуат рауадæй финддæс мин квадратон метри. Уотемæй 229 бийнонти райстонцæ асландæр æма фадуатгиндæр фатертæ, алцидæр си рагацау арæзт æрцудæй æнхæстæй – айдагъдæр дæгъæлтæ райсæ æма си цæрæ. Нур ба аразгутæ исцæттæ кодтонцæ 110 фатери, программæ идарддæр æнхæстгонд цæуй. Аразгутæ ма исрæвдзæ кæндзæнæнцæ 110 æма 65 фатери.
Берæсувæллонгин бийнонтæ аразгутæй æма республики разамундæй райстонцæ субсидитæ. Цæгат Иристони Сæргълæууæги фæрци фатерти аргъ фæнниллæгдæр æй.
* * *
Уæрæсей арæзтади министради бадзурд «2024 анзи фиццаг æмбеси æма Уæрæсей Федераций субъектти 2024 анзи фиццаг квартали цæрæнуати еу квадратон метри рæстæмбес базарадон аргъи бæрæггæнæн»-мæ гæсгæ Цæгат Иристони цæрæнуати еу квадратон метри аргъ фæббæрзонддæр æй æхсæз проценти æма иссæй 66 568 соми.
Уæрæсей арæзтади министради аци бадзурди бундорбæл цæрæнуати нормативон аргъæй гъæуама пайда кæнонцæ федералон æма регионалон хецаудзийнади оргæнтæ, граждæнти хецæн къуæрттæн социалон феддони бундорбæл бюджети харзæй, кенæ бюджети ’хсæн трансферти фæрæзнитæй цæрæнуæттæ ку аразонцæ кенæ æлхæнонцæ, уæд. Уой хæццæ, еу квадратон метри нормативон аргъ нæ фæззиндзæнæй, куд цæрæнуæтти æргъти базарадон механизмбæл, уотæ, еумæ райсгæй, æнæзмæлгæ мулки æргътæбæл дæр.
Уæлæнхасæн фæббæрæг кæндзæнæнцæ, нормативон аргъ æхсæз проценти ке исирæзтæй, е хуарзæрдæмæ ке фæззиндзæнæй, нæ республики сертификаттæ æма субсидитæ ка райсдзæнæй уонæбæл, уомæн æма син паддзахадон агъази бæрцæ дæр фæффулдæр уодзæнæй.