20 апреля 2024

УÆХЕ БАГЪÆУАЙ КÆНЕТÆ!..

07.10.2020 | 09:35

Цæгат Иристони Сæргълæууæг БИТАРТИ Вячеслав ци нæуæг Указ рауагъта, уомæ гæсгæ фондз æма æртинсæй анземæй фулдæр кæбæл цæуй, еци адæймæгутæн хееуварсгонди æмгъуд – даргъдæргонд æрцудæй аци анзи 18 октябри уæнгæ. Уогæ еци кари косгутæй сæ кусти фæткитæмæ гæсгæ сæ кустадон бунæтти æнæмæнгæ ун ке гъæуй, уони туххæй унаффæ рахæссуни барæ лæвæрд цæуй кустуæтти разамонгутæн. Уæхæн унаффæ рахæссунæн гъæуама уа бæлвурд бундор, гъома, уæлдæр амунд категорий косæг æнæмæнгæ гъæугæ æй æ косæн бунати.

Куд уинæн, уотемæй нæ бæсти берæ регионти эпидемиологон уавæр нæуæгæй лæгъузæрдæмæ æййевуй. Цæмæй мах уæхæн уавæрæй гъæуайгонд уæн, уой туххæй ахедгæ хузи гъæуама æнхæстгонд цæуонцæ «Роспотребнадзор»-и æма санитарон цæстдарди иннæ оргæнти еугур амунддзийнæдтæ дæр. Районти разамонгутæ æма «Роспотребнадзор»-и дæлхайæдти специалистти ’рдигæй, уæлдай  лæмбунæг каст гъæуама цæуа, адæм берæгæйттæй кæми фæуунцæ, еци бунæттæмæ, цæмæй нурæй фæстæмæ мæрдæгъдæуттæ æма æндæр уæхæн дзиллон саударæн мадзæлтти архайгутæн иуаронцæ маскитæ æма хегъæуайкæнуни æндæр санитарон фæрæзнитæ.