06 октября 2024

УÆХЕ УÆХУÆДТÆ ГЪÆУАЙ КÆНЕТÆ!

21.10.2020 | 11:32

Санитарон-эпидемиологон уавæртæ нерæнгæ дæр ма тæссаг æнцæ, уомæ гæсгæ нæ республики Сæргълæууæг бафинста нæуæг Указ. Уоми куд амунд æй, уотемæй 25 октябри уæнгæ идарддæргонд цæуй хестæр кари адæймæгути хееуварскæнуйнади фæткæ.
Куд зонæн, уотемæй коронавируси пандемий рæстæг ци карантинон мадзæлттæ æнхæстгонд цудæнцæ, уонæн нур сæ фулдæр раййивтонцæ. Фал уæддæр сæрмагонд цæстдар-ди аккаг æнцæ, 65 анземæй уæлæмæ кæбæл цæуй, еци адæм. Уонæн нуртæккæ дæр ма амунд цæуй, цæмæй незæй сæхе ахедгæдæр хузи гъæуай кæнонцæ, уой туххæй æнхæст кæнонцæ фæткæвæрд.
Уой хæццæ, республики Сæргълæууæги Укази куд загъд ес, уотемæй адæми уæлдæр амунд категорий минæвæртти сæ косæн бунæттæмæ ракæнæн ес, æ архайд организаций кустбæл уæлдай ахедгæ ку уа, уæд.