12 ноября 2024

УÆРÆСЕЙ ФЕДЕРАЦИЙ ПРЕЗИДЕНТИ УКАЗ

15.04.2021 | 22:04

РЕСПУБЛИКÆ ЦÆГАТ ИРИСТОН-АЛАНИЙ СÆРГЪЛÆУУÆГИ ÆНХÆСТБАРТÆ РАГАЦАУ ÆРУОРАМУНИ ТУХХÆЙ

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Битарти Вячеслав е ‘нхæстбартæ рагацау æрæвæруни туххæй курдиадæ ке балæвардта, уомæ гæсгæ, «Уæрæсей Федераций субъектти паддзахадон хецаудзийнади закъонæвæруйнадон (минæварадон) æма æнхæстгæнæг оргæнти организаций сæйраг уагæвæрдти туххæй» 1999 анзи 6 октябри федаргонд 184 федералон закъони 19 статьяй 1 пункти «в» дæлхай æма 9 пункти «а» дæлхаййи бундорбæл унаффæ хæссун:

  1. Битарти Вячеслав Зелимхани фурт æхе фæндонмæ гæсгæ уæгъдæгонд æрцæуæд Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги бунатæй.
  2. Меняйло Сергей Ивани фурт нисангонд æрцæуæд Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæгæй, æ раздæри кусти бунатæй æй исуæгъдæ кæнгæй.
  3. Аци Указ æ тухи цæуй къох бафинсуни бонæй фæстæмæ.

Мæску.

2021 анзи, 9 апърел.