06 октября 2024

«УОГÆ БА ЦÆЙБÆРЦÆБÆЛ АЛÆМÆТТАГ ÆЙ ЕЦИ ÆДЗАРД АДÆМИ ЦÆСТИНГАС…»

07.09.2024 | 19:18

Михаил ЧЕРНОВ

Ульяновскаг хузæгæнæг Михаил Чернов, Беслæни æверхъау цаутæбæл инсæй анзи исæнхæсти бонмæ исфæлгонц кодта, уоми ка фæммард æй, уони хузтæ. Фæккуста сæбæл æнæгъæнæ фондз анзей дæргъи, архайдта, цæмæй сæ аци имисæн бонмæ  æнæгъæнæй дæр исцæттæ кæна. Æма ин е бантæстæй. Уой дæр уоййасæбæл хуæрзаййевæй, æма равдисти рæстæг имæ æдзард сабийти ниййергутæ бацæуиуонцæ, арфитæ ин кæнгæй æй сæ хъури никкæниуонцæ.

– Æз си фæсмæргæ дæр неке кодтон, – зæгъуй Михаил Чернов, – æррæстæ син сæ хузтæ фæууидтон. Ниййергутæй мин еу уотæ дæр ма загъта: «Къарти цидæр æгъуз æнцæ, дæу конд хузти ба сæ цæститæй цума цардæгасæй кæсунцæ, уотæ зиннунцæ…» Цæстингас ба, баруагæс уи уæд, берæ цæбæлдæрти дзорæг æй. Æма куд хузæгæнæг, уотæ уин зæгъун уой, æма тæккæ зиндæр гъуддаг æй хузæконди адæймагæн æ цæстингас равдесун.

Беслæни террористон фудракæндæ ку ’рцудæй, уæд Михаил æ райгурæн сахари скъолатæй еуей фарæстæймаг къласи ахурдзау адтæй. Æма æ карæмæ гæсгæ царди медæгæ цидæртæ æнхæст кæд нæма лæдæрдтæй, уæддæр еци æверхъаудзийнади хабар ба  æ зæрдæмæ хъæбæр хæстæг райста, куд некæд, уотæ зæрдрист фæцæй.

– Хъæбæр мæ фæндадтæй Беслæнмæ фæццæун æма, сæ сабийтæ кæмæн байсавдæнцæ, еци ниййергути фæууинун, сæ размæ балæуун, сæ ристи хай син мæхемæ райсун кæд бантæсидæ, зæгъгæ, зæрдтагонæй сæ нихъхъури кæнун.

Ульяновскаг хузæгæнæг Иристонмæ фиццаг хатт æрбацудæй 2009 анзи. Уæдæй фæстæмæ алли анз дæр ардæмæ æнæ ’рбацæугæ нæ фæууидæ, зонгæ кодта Беслæни цæргути хæццæ. 2008 анзи Михаил Чернов еу равдист исаразта. Адтæнцæ си, æнæнгъæлти æрцæуæг цаути фæдбæл министради æма сæрмагонд ервæзунгæнæг æфсæддон хаййи иуонгтæй Беслæни террористон бæлахæрцуди адæми ервæзун кæнгæй ка фæммард æй, уони хузтæ. Еци хузæгæндтитæ  Михаил Чернов балæвар кодта сæрмагонд æфсæддон хай «Альфа»-йи музей æма Беслæнæн. Нур ба исфæлгонц кодта еци террористон фудракæнди æвуд адæмæй ка фæммард æй, уони сорæттæ æма еци хузтæ ба ’й фæндуй Цæгат Иристони цæргутæн балæвар кæнун.

 

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ