УСТУР УӔЛАХЕЗ НИН ӔНОСТӔМӔ ЦИТГИЙНАГ УОДЗӔНӔЙ!..
Куд ӕнӕгъӕнӕ Уӕрӕсей, уӕдта фӕсарӕйнаг паддзахӕдти рӕстзӕрдӕ дзиллитӕ, уотӕ Цӕгат Иристони дӕр цитгинӕй исбӕрӕг кодтонцӕ нӕ Устур Уӕлахези 76-аг Бон. Ци бӕрӕгбони мадзӕлттӕ нӕмӕ арӕзт ӕрцудӕй, уони уотид бӕрӕгбони мадзӕлттӕбӕл банимайӕн ӕгириддӕр нецихузи ес.
Советон доги сӕ медес еу адтӕй – нӕ фидтӕлтӕ дуйнети тӕккӕ фуддӕр тогниккалди тугъди цъамардӕр знаги нихмӕ ӕгъатир тохи ке фӕууӕлахез ӕнцӕ, уой исцитгин кӕнун, нӕ намусгин тугъдонтӕн искадӕ кӕнун.
Уӕдмӕ советон цардарӕзт фехалдӕй, ӕма дзурди барӕ есун байдӕдтонцӕ, нӕ Фидибӕсти кадӕ ӕма намус фудадӕ кӕмӕн адтӕй, еци къӕсибадгутӕ ӕма етӕ ӕдзӕсгонӕй фудкойтӕ кӕнун байдӕдтонцӕ, нӕ адӕм сӕрустур цӕмӕй адтӕнцӕ, нӕ еци гъуддӕгути кӕдзосдзийнади туххӕй. Фал сӕ фудмиутӕй неци рауадӕй – нӕ адӕми еугур рӕстзӕрдӕ фӕлтӕртӕ син сӕ цъамардзийнӕдтӕн карз нихкъуӕрд дӕттунцӕ Устур Фидибӕстон тугъди цаутӕ ӕма хабӕрттӕн, ӕ бӕгъатӕртӕн агъазиауӕй-агъазиаудӕр кадӕ кӕнгӕй. Уомӕн ирд ӕвдесӕн иссӕй, аци анз Уӕлахези кадӕн ци цитгин мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцудӕй, етӕ дӕр.
Уой дӕр еу бони нӕ – рагацау нӕ республики еугур сахартӕ ӕма гъӕути дӕр багъуд кодтонцӕ Ӕнсувӕрон циртитӕ, циртдзӕвӕнтӕ ӕма мемориалтӕ, дзиллон рауӕнти исӕвардтонцӕ бӕгъатӕр тугъдонти къартӕ…
Уӕлдай агъазиаудӕр мадзӕлттӕ ба арӕзт ӕрцудӕнцӕ 9 майи. Еци бон республики еугур рауӕнти дӕр адӕм дзиллонӕй архайдтонцӕ цитгингӕнӕг ӕмбурди, «Ӕнӕмӕлгӕ полк»-и рацуди…
НӔ НАМУС ӔМА КАДИ ЗАР АЗӔЛУЙ ДУЙНЕТӔБӔЛ!..
Дзӕуӕгигъӕуи Сӕребари фӕзи адтӕй Устур Фидибӕстон тугъди советон адӕми Уӕлахези 76-аг анзей кадӕн тугъдон парад.
Кадгин трибуни лӕудтӕнцӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий раздӕри Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслав, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймораз, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Парламенти Сӕрдар Алексей Мачнев, Хецауадӕ ӕма Парламенти иуонгтӕ.
Мингай адӕм ӕрӕмбурд ӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕуи сӕйраг фӕзӕмӕ. Сӕ еугурей дӕр байеу кодта Цитгин бӕрӕгбон – Уӕлахези бон.
Уӕлахези паради архайдта Хонсайраг федералон зилди 58-аг ӕфсад. Тугъдон парадӕн командӕгӕнӕг адтӕй Суворови орденхӕссӕг 58-аг ӕфсади хецау, инӕлар-майор Вячеслав Гуров. Парад амудта инӕлар-майор Михаил Зусько.
Тугъди ветерантӕ ӕма бӕрӕгбони иуазгутӕн арфӕ ракодта Сергей Меняйло. Ӕ радзубандий е загъта:
– Абони мах нӕ еугур дӕр бӕрӕг кӕнӕн Цитгин бӕрӕгбон. Аци Уӕлахез нӕ фидтӕлтӕ балхӕдтонцӕ сӕ тогӕй. Фидибӕстӕ багъӕуай кӕнунмӕ исистадӕнцӕ Иристони бӕгъатӕр фурттӕ ӕма кизгуттӕ. Гитлерон Германийӕн Цӕгат Иристон байахӕссун стратегион пъланӕй нимад адтӕй хъӕбӕр ахсгиагбӕл. Знаг ӕмпурста Грозна ӕма Бакуй нефтмӕ, фал ин нӕ республикӕбӕл рахезун нӕ бантӕстӕй. Уӕлахез айдагъ тугъди будурӕй аразгӕ нӕ адтӕй, фал фӕсфронтӕй дӕр. Хестӕр кари адӕм, силгоймӕгтӕ ӕма сауӕнгӕ сувӕллӕнттӕ дӕр уодуӕлдай фӕллойнӕ кодтонцӕ, цӕмӕй Советон ӕфсад маци гъӕуагӕдзийнӕдтӕ ӕййафа хуӕруйнагӕй, гъар дзаумау ӕма тохӕндзаумауӕй дӕр. Хъӕбӕр зин адтӕй Уӕлахезмӕ над. Фал ибӕл нӕ хестӕртӕ кади хӕццӕ рацудӕнцӕ. Етӕ багъӕуай кодтонцӕ нӕ бӕсти сӕребарадӕ ӕма хуӕдбарадӕ. Махӕн нӕ ихӕс ӕй еци устур ӕскъуӕлхтдзийнадӕ нӕ зӕрдӕбӕл дарун, багъӕуай кӕнун ӕма ‘й фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дӕттун.
Трибунити бадтӕнцӕ ветерантӕ ӕма парадмӕ лӕмбунӕг кастӕнцӕ. Уони фӕрци ес абони нӕ сӕрмӕ кӕдзос арв. Аст ӕма ӕртинсӕй иристойнаг тугъдонемӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном, уонӕй дууемӕн – Плити Иссӕн ӕма Иван Фесинӕн – еци ном лӕвӕрд ӕрцудӕй дууӕ хатти. Не ‘мзӕнхон тугъдонтӕй ӕртиндӕс ба иссӕнцӕ Кади ордени ӕнхӕст кавалертӕ.
Дурдуйраг Цалити Сафарбий дӕр тугъдӕн ӕ райдайӕнӕй ӕ кӕронмӕ тох кодта. Архайдта Сталингради тугъди. Тугъди фӕсте ба фӕккуста ӕ райгурӕн гъӕуи колхози. Нур дӕр ӕнцад бадун нӕ зонуй, кӕд ибӕл 100 анземӕ хӕстӕг цӕуй, уӕддӕр. Ӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ, Дур-Дури Уӕлахези парк Сафарбийӕн ӕхе харзӕй райаразтонцӕ. Ӕрауигътонцӕ си, аци гъӕуӕй Устур Фидибӕстон тугъди ка архайдта, еци бӕгъатӕр тугъдонти къартӕ.
«СӔРЕБАРӔБӔЛ ТОХИ АДТӔНЦӔ ФӔРАЗОН, СӔ РӔСУГЪД ЦАРД ИН НӔ КОДТОНЦӔ ӔВГЪАУ…»
Дзӕуӕгигъӕуи ма сӕрмагондӕй арӕзт ӕрцудӕй еума мадзал, кӕцими ӕримистонцӕ Устур Фидибӕстон тугъдӕй ка нӕбал исӕздахтӕй, уони рохс нӕмттӕ. Уӕлахези бони 76 анзей кадӕн бӕрӕгбони размӕ Тугъдон Намуси сахар Дзӕуӕгигъӕуи Намуси мемориал ӕма Намуси аллейӕ бабӕрӕг кодтонцӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг вице-адмирал Сергей Меняйло, 58-аг ӕфсади командӕгӕнӕг, инӕлар-майор Михаил Зусько, нӕ республики Парламенти Сӕрдар Алексей Мачнев, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймораз, республики медгъуддӕгути министр, пъӕлици инӕлар-лейтенант Михаил Скоков, республики тухи структуритӕ ӕма ведомствити минӕвӕрттӕ, ӕнхӕстгӕнӕг хецауади ӕма бунӕттон хеунаффӕйади оргӕнти разамонгутӕ, ӕхсӕнадон организацити минӕвӕрттӕ.
Кадгин ӕмбурди архайгутӕ Устур Фидибӕстон тугъди зингхуст ӕфсӕддонти рохс нӕмттӕ имисунӕн еу минут ралӕудтӕнцӕ ӕдзӕмӕй, уӕдта Намуси аллейи циртдзӕвӕнбӕл исӕвардтонцӕ деденгутӕ.
Райгурӕн бӕстӕ немуцаг-фашистон гадзирахаттӕй ӕрбалӕборгутӕй багъӕуай кӕнуни тохмӕ Цӕгат Иристонӕй рандӕнцӕ дӕс ӕма цуппаринсӕй мин адӕймагемӕй фулдӕр, уонӕй алли дуккаг дӕр ӕ цард иснивонд кодта Фидибӕсти сӕрбӕлтау.
Иристойнӕгтӕй Устур Фидибӕстон тугъди ка архайдта, еци инвалидтӕ ӕма ветерантӕй, фӕскъилдуни архайгутӕй ма абони цардӕгас ӕнцӕ 1602 адӕймаги. Уонӕй алкедӕр ӕй кадӕ ӕма намуси аккаг. Ӕ цард Фидибӕстӕн ка иснивонд кодта, уони рохс нӕмттӕ ба ‘нцӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕдзосӕй имисуйнаг.
СӔ РОХС НӔМТТӔ СИН ИМИСДЗИНАН ФӔЛТӔРӔЙ-ФӔЛТӔРМӔ
Ӕрӕги Рассвети парки ӕрӕмбурд ӕй хъӕбӕр берӕ адӕм айдагъ бунӕттон цӕргутӕй нӕ, фал еугур Ӕрӕдони районӕй дӕр. Бундорон цалцӕги фӕсте гъӕубӕсти нӕуӕгӕй байгон ӕй циртдзӕвӕн, Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг гъӕу немуцаг фашисттӕй уӕгъдӕгӕнгӕй, бӕгъатӕрӕй ка фӕммард ӕй, еци ӕдзард бӕгъатӕртӕн. Уой размӕ дӕр син циртдзӕвӕн куд нӕ адтӕй, фал нур ӕ хузӕ искалдта. Циртдзӕвӕнӕй уӕлдай ма си ӕвӕрд ӕрцудӕй тугъдон згъӕрходӕ ӕртӕ метрей бӕрзӕндӕн ӕма цалдӕр къӕйдори сау гранитӕй. Уонӕбӕл финст ӕрцудӕнцӕ фондзсӕдӕ муггагемӕй фулдӕр, ӕма нур уал бийнонти нӕ бӕсти алли кӕрӕнттӕй базондзӕнӕнцӕ, сӕ хеуӕнттӕ кӕми фӕммард ӕнцӕ ӕма кӕми нигӕд ӕнцӕ, уой. Рассветмӕ еци бон ӕрцудӕнцӕ ӕма номерӕн ӕмбурди архайдтонцӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, республики хецаудзийнади къабӕзти разамонгутӕ, райони разамунди минӕвӕрттӕ, тугъди ӕма фӕллойни ветерантӕ…
Еци цитгин мадзали рӕстӕг ӕримистонцӕ 1942 анзи ноябри ӕма декабри мӕйти аци гъӕуи алфамбулай цаутӕ. Цӕветтонгӕ, 2 ноябри фашистон ӕрдонгтӕ батудтонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи гъӕуайгӕнӕн райони ӕндаг хай. Рассветӕй Дзиуаригъӕуи ‘хсӕн рауӕнтӕ гъӕуай кодта еуӕндӕсӕймаг гвардион ӕхсӕг корпуси 34-аг хецӕн бригадӕ. Знаг Саниба ӕма Гизӕл ке байахӕста, уомӕ гӕсгӕ Дзӕуӕгигъӕуи уавӕр дӕр хъӕбӕр тӕссаг иссӕй. Бригади фулдӕр хай сӕ цард иснивонд кодтонцӕ немуцаг-фашистон ӕрдонгти нихмӕ тохи. Вермахти разамунд син сӕ нихмӕ багӕлста дууӕ танкон дивизий. Ӕдеугурӕй нимпурсти архайдтонцӕ сӕдӕ танкей бӕрцӕ, уонӕй дӕс ӕма инсӕй пурхӕгонд ӕрцудӕнцӕ Рассветӕй Фиййагдонибили ‘хсӕн. Немуц кӕд фронти еу хай басастонцӕ, уӕддӕр тугъдтитӕ нӕ банцадӕнцӕ 23 декабри уӕнгӕ. Сурх Ӕфсади ‘рдигӕй еци тогкалӕнти архайдтонцӕ 319-аг ӕхсӕг дивизи, 5-аг, 34-аг, 57-аг ӕхсӕг бригадитӕ. Кӕд Гизӕли бунмӕ тугъдтити се ‘хсӕнӕй берӕ фӕгъгъудӕй, уӕддӕр 140-аг танкон бригадӕ хъӕбӕр хъазауатонӕй тох кодта знаги нихмӕ. Еци тогкалӕн тугъдтити сурхӕфсӕддонтӕй фӕгъгъудӕй цуппарсӕдӕ адӕймаги, немуцӕй ба – ӕхсӕзсӕдӕ ӕма ӕртинсӕйемӕй фулдӕр.
Ӕрмӕг мухурмӕ бацӕттӕ кодта
ХЕКЪИЛАТИ Маринӕ