05 ноября 2024

ӔВӔДЗИТӔЙ НӔЙЙЕС ИСАРАЗӔН ГЪӔУГӔ ГЪУДДӔГУТӔН!..

21.08.2021 | 17:28

Республики еугур районти дӕр нӕуӕг ахури анзмӕ байгон уодзӕнӕй кадетон ӕма математикон кълӕстӕ. Уой бабарӕ кодта Сергей Меняйло, республики разамунди хӕццӕ алли къуӕрей ци ӕмбурд исаразуй, уоми.

Республики еугур районтӕ дӕр уӕхӕн кълӕстӕй гъӕуагӕ ке ӕййафунцӕ ӕма сӕ байгон кӕнунмӕ ахури къабазӕн ӕ гӕнӕнтӕ ке амонунцӕ, уой бафеппайдта республики ахурадӕ ӕма науки министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Алибегти Эллӕ. Уомӕй уӕлдай, Сергей Меняйло загъта, скъолати, гӕнӕн ес, ӕма байгон уонцӕ Слестгӕнӕн комитети, Ӕнӕнгъӕлӕги цаути министради кадетти профилон кълӕстӕ, ӕма бабарӕ кодта профилон министрадӕн исбӕлвурд кӕнун, цӕйбӕрцӕ ахсгиаг уодзӕнӕнцӕ еци нӕуӕг гӕнӕнтӕ, сувӕллӕнттӕ ӕма сӕ ниййергути цӕстӕй ракӕсгӕй.

Республикӕ ӕхе разӕнгардӕй цӕттӕ кӕнуй нӕуӕг ахури анзмӕ. Алибегти Элли дзубандимӕ гӕсгӕ, скъолатӕн сӕ 94 проценти ӕ райдайӕнмӕ ‘нцӕ цӕттӕ. Уой хӕццӕ, 12 скъолайи абони бонмӕ нурма нӕма ес, гъар кумӕ хъӕртуй, уӕхӕн иуазӕгдӕнттӕ. Аци фарста 1 сентябрьмӕ ралух кӕнуни ихӕс Сергей Меняйло исӕвардта республики Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзаради, артаг ӕма энергетики министради размӕ.

Иннӕ ахсгиаг фарста – ахуради къабази косгутӕн сӕ улупа. Профилон министрадӕмӕ е ‘ргом раздахгӕй, республики разамонӕг бафеппайдта, ахургӕнгути улупа нисан кӕнуни нӕуӕг гӕнӕнтӕ гъӕуама бӕлвурдгонд ӕрцӕуонцӕ, 2022 анзи бюджет пълан кӕнун цалинмӕ нӕма райдӕдтонцӕ, уӕдмӕ, цӕмӕй гъӕугӕ хӕрзтӕ хаст ӕрцӕуонцӕ сӕйраг финансон документмӕ. Аци фарста хауй ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади косгутӕмӕ дӕр.

Республики разамунди ‘рдигӕй уӕлдай ӕргом ӕздӕхт цӕуй медицинон косӕндӕнттӕ тауӕггурӕй (кислородӕй) ӕфсадуни фарстамӕ. Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тебиати Сослан куд фегъосун кодта, уотемӕй, медицини къабази куст нуртӕккӕ бӕрӕг ка кӕнуй, еци специалисттӕ хӕстӕгдӕр бӕнтти бацӕттӕ кӕндзӕнӕнцӕ, ци хатдзӕгтӕ искӕнонцӕ, уой фӕдбӕл гъӕугӕ гӕгъӕди. Уӕдта, республики медицинон косӕндӕнтти тауӕггури станцитӕ исаразуни фӕдбӕл Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министрадӕмӕ ци фӕндӕнттӕ ес, уони хӕццӕ ӕй байеу кӕндзӕнӕнцӕ.

– Уобӕл бадзубанди кӕнуни гъуддаг ма ниддӕргъвӕтийнӕ кӕнетӕ, уомӕн ӕма уомӕй аразгӕ ‘й сӕйгити ӕнӕнездзийнадӕ ӕма сӕ цард. Тауӕггури станцитӕ сӕйгӕдӕнтти раздӕр ку адтайдӕ, уӕд Тагъд агъази клиникон сӕйгӕдони амӕй размӕ ци бӕлах ӕрцудӕй, уомӕй адтайанӕ хизт. Цийфӕнди фарстайӕн дӕр ес ралухгӕнӕн, адӕймаг ибӕл афойнадӕбӕл архайун ку райдайа, уӕд, – загъта Сергей Меняйло.

Уомӕй уӕлдай, ӕмбурди архайгутӕ ӕркастӕнцӕ, национ проекттӕ Цӕгат Иристони куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, еци фарстамӕ дӕр. Республики Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймораз ранимадта, се ‘нхӕст кӕнуни куститӕ кӕмӕн фӕкъкъулумпи ‘нцӕ, еци национ проекттӕ ӕма паддзахадон программитӕ, се ‘хсӕн: «Демографи», «Цӕрӕнуӕттӕ ӕма горӕтаг фӕзуат», уӕдта паддзахадон программӕ «Фиццаградон медико-санитарон къабази райрӕзт».

Сергей Меняйло бафӕдзахста: кустити ӕмгъудтӕн ихалӕн нӕййес. – Нӕ къохтӕ ӕруадзӕн, уомӕн гӕнӕн нӕййес, ӕма уой алкедӕр гъӕуама лӕдӕра. Ес гъуддагбӕл дзуапдӕттӕг регионалон ӕма муниципалон хецаудзийнади оргӕнтӕ, фал куст размӕ нӕ цӕуй. Къурцдзӕвӕн райеуварс кӕнунӕн ести мадзӕлттӕ кӕнӕн? Национ проекттӕ афойнадӕбӕл ӕнхӕстгонд ку нӕ цӕуонцӕ, уӕд уобӕл комкоммӕ дзуапп дӕтдзӕнӕнцӕ бӕрнон адӕймӕгутӕ, – загъта Сергей Меняйло ӕма бафеппайдта, куститӕ, уӕдта, алли къуӕрей ӕмбурдти ци унаффитӕ рахӕссунцӕ, уони ӕнхӕст кӕнуни фӕткӕ фӕккарздӕр уодзӕнӕй еугур къабӕзти дӕр.