21 ноября 2024

ӔВАДУАТ РӔСТӔГИ ФУЛДӔР СӔРИЗУНД БӔРГӔ ГЪӔУЙ…

28.07.2021 | 17:08

Аци минкъий кизгӕ ходуй, е мгӕрттӕй укол кӕмӕн кӕнунцӕ, етӕ сӕхе куд дарунцӕ, уобӕл. Ӕма ци зӕгъдзӕнӕ – сабий ӕй ӕма, еци мадзал син пайда ке ‘й, уой фӕрци кӕцидӕр незтӕй, ӕдасгонд ке цӕунцӕ, уой, ӕвӕдзи, ӕнхӕст нӕма лӕдӕруй. Уоми дессагӕй неци ес, дессаг е ӕй, ӕма ни абони беретӕ ке нӕ лӕдӕрунцӕ, нури эпидемиологон уавӕр цӕйбӕрцӕбӕл тӕссаг ӕй ӕма си нӕхе гъӕугӕ хузи ку нӕ багъӕуай кӕнӕн, уӕд нин нӕ ӕнӕмӕтӕдзийнадӕ цӕйбӕрцӕбӕл ӕверхъаудзийнӕдтӕ расайдзӕнӕй, уой. Уӕхе исӕдас кӕнетӕ, зӕгъгӕ, ни еудадзуг еци корӕги ке корунцӕ, е нӕмӕ ходӕгау кӕсуй. Ӕма, зӕгъӕн, ӕхсӕнадон транспорти цӕугӕй беретӕбӕл фӕууиндзинайтӕ маскитӕ? Дӕс-финддӕс адӕймагемӕй еу кенӕ дууебӕл. Мадта тукӕнтти дӕр, хъӕбӕр берӕ адӕм си уогӕй, маскитӕ ба ефстӕгтӕй уӕлдай некӕбӕл фӕууиндзӕнӕ.

Уотемӕй ба си, ӕвӕдзи, разиндзӕнӕй коронавирусӕй сӕйгӕ ка ‘й, уӕхӕнттӕ дӕр. Тӕрсун неке кӕнӕн, фал нӕ фидтӕлтӕ хумӕтӕги нӕ зӕгъиуонцӕ: «Худт кӕунмӕ расайун дӕр зонуй…»

Эпидемиологон уавӕр нӕмӕ нерӕнгӕ ма сагъӕссаг ӕй, ӕма нӕ республики разамунди ‘рдигӕй еугур гъӕугӕ мадзӕлттӕ арӕзт цӕуй еци тӕссаг нези нихмӕ, цӕмӕй си адӕм, гӕнӕн ӕма амал куд ес, уотӕ ӕдасгонд цӕуонцӕ. Етӕ куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, уомӕ еудадзуг ӕ цӕстӕ даруй сӕрмагонд оперативон штаб, уой ӕмбурдти бӕлвурд ӕрдзубанди кӕнунцӕ коронавируси нихмӕ архайди хӕццӕ баст еугур фарстатӕбӕл.

Ӕрӕги уӕхӕн ӕмбурд, амудта ‘й нӕ республики Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймораз, рацудӕй видеоконференций хузи. Исӕвзургӕ уавӕрти республики медицинон косӕндӕнттӕ куд архайунцӕ, уой туххӕй адтӕй ӕ радзубанди ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тебиати Сосланӕн.

Тебиати Сосланӕн куд загъта, уотемӕй, ведомстви разамонӕги дзубандимӕ гӕсгӕ, коронавирусӕй сӕйгитӕн ци медицинон косӕндӕнттӕ бацӕттӕ кодтонцӕ, уонӕми нуртӕккӕ дохтирти бӕрни ес 586 адӕймаги. Еци хайӕдти никкидӕр ма ес 127 уӕгъдӕ бунати. Уой хӕццӕ сӕйгити нимӕдзӕ еуцӕйдӕрбӕрцӕ ке исирӕзтӕй, еци ӕууӕл лӕдӕргӕй, «ковид»-госпитӕли кусти фӕткӕмӕ раййивтонцӕ Цӕгат Иристони паддзахадон медицинон академий сӕйгӕдонӕ дӕр – уоми идарддӕр дзӕбӕх кӕндзӕнӕнцӕ, сӕ уавӕр хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевун кӕмӕн райдӕдта, еци адӕми. Уомӕй уӕлдай, багъӕуаги сахатти испайда кӕндзӕнӕнцӕ Горӕтгӕрон райони центрон сӕйгӕдони фадуӕттӕй дӕр – уоми коронавирусӕй сӕйгитӕн иснисан кодтонцӕ 70 бунати. Уӕхӕн уӕлӕнхасӕн бунӕттӕ уодзӕнӕнцӕ эндокринологон ӕма бауӕри незти диспансерти дӕр.

Министр куд фӕббӕрӕг кодта, уотемӕй бӕлвурд фӕтки бундорбӕл идарддӕр ӕнхӕстгонд цӕуй дзиллон вакцинаци. Тебий-фурти дзубандимӕ гӕсгӕ, еци мадзали абони уӕнгӕ архайдтонцӕ 98 мин адӕймагемӕй фулдӕр. Сӕрмагонд лабораторитӕ дӕр еудадзугон фӕткӕмӕ гӕсгӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ коронавируси тесттӕ. Пандемийи райдайӕнӕй нурмӕ медицинон косӕндӕнттӕ искодтонцӕ 597 мин уӕхӕн тестӕй фулдӕр.

Вакцинаций мадзӕлттӕбӕл дзоргӕй социалон ирӕзти министр Хубиати Барис куд фӕннисан кодта, уотемӕй ведомствӕ Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади хӕццӕ еумӕ рохситауӕн куст кӕнуй хестӕр фӕлтӕри минӕвӕртти ‘хсӕн, каргун адӕмӕн амонуй иммунизаций пайдатӕ. Министри дзубандимӕ гӕсгӕ, хестӕр кари фӕлтӕри минӕвӕрттӕй абони уӕнгӕ вакцинаций архайдтонцӕ 40 мин адӕймагемӕй фулдӕр. Еци куст идарддӕр цӕуй.

Дзиллон вакцинаций туххӕй дзоргӕй, уой дӕр зӕгъун гъӕуй ӕма нӕ республики Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Сергей Меняйло ӕрӕги хецауадон ӕмбурди еуеми хъӕбӕр карзӕй бафӕдзахста:

– Вакцинаций цуди фӕткӕмӕ, уӕдта сӕрмагонд сертификаттӕ дӕттуни гъуддагмӕ цӕстдард гъӕуама уа тӕккӕ бӕрзонддӕр ӕмвӕзадӕбӕл. Уагӕвӕрд ӕма закъони ихӕлдтитӕ кӕми рабӕрӕг уа, уоми ба гъӕуама фудгинтӕ карз ӕфхуӕрд цӕуонцӕ.

Ӕма уотӕ карзӕй хумӕтӕги нӕ бафӕдзахста: разиндтӕй нӕмӕ, гъулӕггагӕн, уӕхӕн ӕдзӕсгӕнттӕ, кӕцитӕ абони тухст уавӕртӕй дӕр сӕхе рамулкгин кӕнунӕй нӕ бафсӕрми кодтонцӕ. Цӕгат Иристони медгъуддӕгути министради экономикон ӕдасдзийнади управлений косгутӕ куд раргом кодтонцӕ, уотемӕй нӕ республики медицинон косӕндӕнттӕй еуей косгутӕй кадӕртӕ сӕрмагонд сертификаттӕ уӕйӕ кодтонцӕ, вакцинаци ка нӕ рацудӕй, фал уӕхӕн гӕгъӕди ке гъудӕй, уонӕн. Гъуддагмӕ каст цӕуй, ӕма еци цаути ӕцӕгдзийнадӕ ку исбӕлвурд уа, уӕд ӕфхуӕрд баййафдзӕнӕнцӕ, сертификаттӕ ка рауӕйӕ кодта, уӕдта сӕ ка балхӕдта, етӕ дӕр.

Раст зӕгъгӕй, фӕстаг бӕнтти, нӕ республики ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министрадӕ куд игъосун кӕнуй, уотемӕй фӕффулдӕр ӕй, вакцинаци искӕнунмӕ е ‘ргом ка раздахта, еци адӕми нимӕдзӕ – иммунизаций мадзали архайӕг иссӕнцӕ еу ӕма фондзинсӕй мин адӕймаги (уонӕй фараст ӕма ӕртинсӕй адӕймагемӕн искодтонцӕ вакцинаций дуккаг хай дӕр).

Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма, вакцинаци кӕми кӕнунцӕ, еци пункттӕмӕ ӕрбацӕуӕг адӕми нимӕдзӕ кӕд фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнуй, уӕддӕр си хуастӕ фагӕ кӕнуй. Зӕгъӕн, ӕрӕги бабӕй нӕ республикӕмӕ исластонцӕ, «Спутник-V» ке хонунцӕ, еци вакцини еума парти – ци 8100 комплекти си адтӕй, уони байурстонцӕ вакцинацигӕнӕн пунктӕбӕл.

Специалисттӕ куд зӕгъунцӕ, уотемӕй хестӕр кари адӕмӕн се ‘ргом фулдӕр раздахун гъӕуй иммунизацимӕ. Уӕлдайдӕр ба сӕкӕринез, астмӕ ӕма ӕндӕр хроникон незтӕ ке гъигӕдарунцӕ, уони, уомӕн ӕма коронавирусӕй фӕссӕйгӕ уогӕй, еци адӕм бахаунцӕ уӕлдай уӕззаудӕр уавӕри.

…Нӕ абони радзубандий ба ма уин уӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзинан нӕ фидтӕлтиккон зундамонӕн загъд: «Ӕвадуат рӕстӕги фулдӕр зунд гъӕуй!..» Абони ба рӕстӕг гъе уӕхӕн ӕвадуат ӕй, уомӕ гӕсгӕ ба нӕмӕ фулдӕр зунд разиннӕд ӕма нӕхуӕдтӕ нӕхе багъӕуай кӕнӕн фуднези бӕлахӕй.

 

Ӕрмӕг мухурмӕ бацӕттӕ кодта

БИЧИЛТИ Алетӕ.