26 декабря 2024

«ӔЗ РАЗӔНГАРДӔЙ ЦӔУН МӔ ФИДИБӔСТИ ӔФСАДМӔ!..»

08.10.2021 | 14:50

Райдӕдта фӕззигон ӕфсӕддон фӕдздзурд, ӕма Уӕрӕсейаг ӕфсади рӕнгъитӕмӕ цӕуни афонӕ кӕмӕн ралӕудтӕй, еци лӕхъуӕнтӕ, федарӕй ни ӕруагӕс кӕнуй, сӕрустурӕй зӕгъдзӕнӕнцӕ: «Ӕз разӕнгардӕй цӕун мӕ Фидибӕсти ӕфсадмӕ!..» Сӕ еци загъд рӕстзӕрдӕй ке ‘й, уомӕн ба бӕлвурд ӕвдесӕн: еци фӕсевӕд абони гъӕйттӕй цӕунцӕ ӕфсӕддон-дохтирон къамистӕмӕ ӕма сӕхе цӕттӕ кӕнунцӕ Уӕрӕсей Федераций Гӕрзефтонг Тухтӕмӕ. Уалдзигон ӕрседтӕй хатдзӕгтӕ кӕнгӕй, гъӕуайкӕнуйнади Министради Генералон штаби управлений хецау Евгений Бурдинский куд загъта, уотемӕй коронавируси нихмӕ мадзӕлттӕ искодтонцӕ, Уӕрӕсей Президенти Указ афойнадӕбӕл исӕнхӕст кодтонцӕ.

Фӕззигон ӕрседти туххӕй республики ӕфсӕддон комиссари хуӕдӕййевӕг Абрил Абдуллаев уотӕ зӕгъуй:

– Аци фӕззӕг Уӕрӕсей ӕфсади рӕнгъитӕмӕ фӕдздзордзӕнӕнцӕ 27 мин ӕригон адӕймагемӕ. Ӕрседтон къамистӕ сӕ куст райдӕдтонцӕ 1 октябрӕй фӕстӕмӕ, ӕфсӕддон службӕмӕ лӕхъуӕнтӕ рарветдзӕнӕнцӕ 15 октябрӕй фӕстӕмӕ. Нӕуӕг ӕрседти размӕ алливӕрсуг цӕттӕгӕнӕн куст конд ӕрцудӕй. Гражданти хӕццӕ бастдзийнадӕ адтӕй телефон ӕма Интернети хизи фӕрци. Аллирауӕн дӕр эпидемиологон мадзӕлттӕ ӕнхӕстгонд цӕунцӕ.

Аци хатт муниципалон искондтӕмӕ домӕнтӕ фӕффулдӕр уодзӕнӕнцӕ. Иннӕ хӕттити ци мадзӕлттӕй кустан, нур дӕр уонӕй пайда кӕндзинан. Еугур домӕнтӕ дӕр куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, уомӕ сӕ цӕстӕ дардзӕнӕнцӕ ӕфсӕддон-дохтирон центри дохтиртӕ, граждӕнтӕмӕ фӕсседуни разамонгутӕ.

Ӕмбурдгӕнӕн пунктмӕ ӕрбацӕуни размӕ седтонтӕн конд цӕуй коронавирус рартасуни тест. Ӕрседтонти ласдзӕнӕнцӕ дезинфекцигонд автобусти, хецӕн вагӕнтти. Ӕфсӕддон хӕйттӕмӕ ниццӕугӕй, ӕрседтонтӕ дууӕ къуӕрей уодзӕнӕнцӕ карантини.

– Цӕгат Иристони цал гражданинмӕ фӕсседдзӕнӕнцӕ? Кумӕ сӕ рарветдзӕнӕнцӕ, циуавӕр ӕфсӕдтӕмӕ?

– Ӕдеугурӕй республики аци фӕззӕг фӕдздзордзӕнӕнцӕ 800 лӕхъуӕнемӕ. Ка ‘й зонуй, фӕффулдӕр уодзӕнӕй сӕ нимӕдзӕ, нӕ ихӕстӕ нин ку раййевонцӕ, уӕд. Службӕмӕ сӕ рарветдзинан Смоленскӕй райдайӕ ӕма Петропавловск-Камчатскийӕй фӕууо. Нӕ бӕстӕ агъазиау ӕй, айдагъ цӕгатаг районти кой нӕ кӕндзинан. Уордӕмӕ рарветунмӕ нӕмӕ нӕ фӕсседтӕнцӕ. Гӕрзефтонг Тухти хузти кой ку кӕнӕн, уӕд ӕрседтонтӕ ист ӕрцӕудзӕнӕнцӕ Тугъдон-Космосон тухтӕмӕ, Фестӕгӕйцӕуӕг ӕфсӕддӕмӕ, Национ гвардимӕ, Тугъдон-Денгизон флотмӕ, Ӕнӕнгъӕлӕги уавӕрти министрадӕмӕ.

– Ӕфсӕддон комиссаради косгути размӕ фӕззигон ӕрседти рӕстӕг циуавӕр сӕйраг ихӕстӕ лӕуунцӕ?

– Нуртӕккӕ етӕ ‘нцӕ, коронавирус рапарахат кӕнуни нихмӕ еугур мадзӕлттӕй дӕр косун. Уарӕсей «ДОСААФ»-ӕн специалисттӕ бацӕттӕ кӕнун ӕма сӕ афойнадӕбӕл ӕфсӕддон службӕмӕ рарветун. Службӕгӕнгутӕн еугур уавӕртӕ искӕнун, цӕмӕй ӕнхӕст уонцӕ хуӕлцадӕй, ӕхцайӕй, ӕфсӕддон служби рӕстӕг цӕмӕй ма исуазал уонцӕ, уомӕй сӕ багъӕуай кӕнун. Етӕ фиццаг бакастӕй хумӕтӕг гъуддӕгутӕ ‘нцӕ, фал сӕбӕл гъӕуй зӕрдиагӕй косун.

Нӕ дзубандий кӕрони ба ма Абрил Абдуллаев куд загъта, уотемӕй Уӕрӕсей Гӕрзефтонг Тухти рӕнгъитӕмӕ цӕгатиристойнаг лӕхъуӕнтӕ службӕ кӕнунмӕ ӕхцӕуӕнӕй ке рандӕ уодзӕнӕнцӕ, е бӕлвурд ӕй, уӕдта си федарӕй ӕруагӕс кӕнуй е дӕр, ӕма уоми сӕ ӕфсӕддон ихӕстӕ кадгинӕй ке ӕнхӕст кӕндзӕнӕнцӕ.