09 майя 2024

ЗАДÆЛЕСКИ НАНАЙ БÆРÆГБОН ИСУОДЗÆНÆЙ ЕУГУРАДÆМОН!..

05.08.2023 | 13:49

Хъæбæр рагæй кæбæл цудæй дзубанди, еци гъуддаг кæдæй-уæдæй арæзт æрцудæй.

Иристони ахсгиагдæр национ бæрæгбæнтти къæлиндари фæззиндтæй никкидæр ма еу зæрдæбæлдарæн бон. Ирон адæми таурæгъон мадæ – Задæлески Нанай бон нурæй фæстæмæ бæрæггонд цæудзæнæй официалон æгъдауæй.

Уой фæдбæл сæрмагонд Указ бафинста Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Нанай бон бæрæггонд цæудзæнæй сухи мæйи фиццаг сабати.

Укази загъд куд ес, уотемæй аланти историй зингæ бунат ка байахæста æма арф фæд ка ниууагъта, нæ адæми еци еумæйаг таурæгъон мадæ Задæлески Нанай уодуæлдай æскъуæлхтдзийнадæн аргъ кæнгæй, уæдта бийнонти æнгомдзийнадæ федардæр кæнуни сæрбæлтау бæрæгбон нисангонд æрцæуæд официалон æгъдауæй.

Задæлески Нанай алæмæти æскъуæлхтдзийнади туххæй алли рæстæгути финст æрцудæй берæ аллихузон аййевадон уадзимистæ, Дигорон паддзахадон драмон театри ба æвæрд æрцудæй спектакль.

Уадзимистæй кæцидæртæ мухургонд цудæнцæ нæ газети дæр, æма нæ зæрди  ес никкидæр ма си ниммухур кæнун нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми.