19 сентября 2024

ЗАДÆЛЕСКИ НАНАЙ БОН – НÆ ЕУГУРАДÆМОН БÆРÆГБОН

03.08.2024 | 15:48

Алли анз дæр сухи мæйи (августи) фиццаг сабати бæрæггонд цæуй Задæлески Нанай Бон. Аци анз еци бон бæрæг кæнуни фæдбæл Иристони дзиллæн зæрдиагæй арфæ кæнгæй, нæ республики сæргълæууæг Сергей Меняйло уотæ радзурдта:

– Цæгат Иристони бæрæг кæнунцæ нæ национ цитгиндæр бæрæгбæнттæй еу – Задæлески Нанай Бон. Æнæуæгтæ бæгъатæр æма лæгдух силгоймаги бон бацæй, Тимури тогцъух æрдонгтæ нæмæ ку ’рбалæбурдтонцæ, уæд нæ адæми еугур æвæдæй фесæфунæй фæййервæзун кæнун. Æ еци æскъуæлхтдзийнадæй æностæмæ æ ном байзадæй нæ адæми анзфинстити.

Æ арфи нистауæни ма Сергей Меняло куд баханхæ кодта, уотемæй Уæрæсей аци анз нимад æрцудæй Бийнонти Анзбæл, уомæ гæсгæ ба аци бæрæгбонæн дæр æ ахсгиагдзийнадæ кæнуй никки бæрзонддæр. Уомæн æма е еума хатт дæр ма æвдесæн æй, адæми еудзийнадæ æнгон кæнуни гъуддаги бийнонти ’хсæн рахастдзийнæдтæ цæйбæрцæбæл устур бунат ахæссунцæ, уомæн. Гъæуай кæнетæ уæ хеуонти. Арфæ уин кæнун еума хатт дæр!..

* * *

Задæлески Нанай Бони фæдбæл Иристони дзиллæн зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз дæр. Æма æ арфи нистауæни уотæ загъта:

– Задæлески Нанай цардвæндаг æма Райгурæн бæстæмæ е ’гæрон уарзондзийнадæ банимайæн ес æновуддзийнади ирддæр æвдесæнбæл, æ гъудити æнæхийнæдзийнадæ ба дзорæг æй уоди хъаурæ æма рæсугъддзийнадæбæл.

Рагæй дæр иристойнаг бийнонти къона гъæуайгæнæг силгоймагæн уæлдай фулдæр кадæ кодтонцæ, æма нæ еумæйаг ихæс æй аци æгъдау идарддæр æнхæст кæнун.

Хъазар æмзæнхонтæ! Бæрæгбони хуарзæнхæ уæ уæд! Уадзæ æма алли хæдзарæ дæр хайгин уа уарзондзийнадæй, федуд æма сабурдзийнадæй, нæ кадгин хестæртæ бийнонти фæрнугади бундорбæл нимад куд уонцæ, уотæ! Мæ зæрдæ уин зæгъуй æнæнездзийнадæ, хæлардзийнадæ æма амонд!..»