09 майя 2024

ЗАДÆЛЕСКИ НАНАЙ УАЙДЗÆФ

12.08.2023 | 22:28

Аци дууæ къари æмвæрстæ хумæтæги нæ мухур кæнæн: еуеми си æвдист цæуй Задæлески Нанай æнæмæнгæ сорæт, иннеми ба уинетæ нуриккон æригон мадæ æма æ сабийти. Æркæсетæ æма расагъæс кæнетæ, Задæлески Нанайæй кæд сæрустур ан æма ‘й кадгин кæнæн, уæд æй фæнзгæ ба цæмæннæ кæнæн е ‘скъуæлхтдзийнадæй? Недзаманти нæ адæми дзилагæ бунисæфт ку кодта знæгти къохтæй, уæд еци гъезæмайраг уавæрти аци силгоймагмæ  разиндтæй хъаурæ æма нифс, еугæйттæй фембурд кодта, ка ма райервазтæй, еци сувæллæнтти, æрбатумугъ сæ кодта æма уой фæрци нæуæгæй исцардгъон æнцæ нæ адæм.

Уæд абони аккаг уавæрти мах цæмæннæ батухсæн нæ адæми карнæбæл, исонибони ци æма кудтитæ уодзинан, уобæл. Нæ сæрмæ ‘й куд хæссæн, анзæй-анзмæ нæ бæрцæ минкъиййæй-минкъийдæр ке кæнуй, уой? Зæгъæн, аци анзи фиццаг æмбеси Цæгат Иристони игурунади бæрцæ, фари аци афони хæццæ рабаргæй, фæмминкъийдæр æй: райгурдæй нæмæ 3433 сабийи, фарæ ба нæуæгигурдти бæрцæ адтæй 3740. Уой хæццæ ба ма уой дæр зæгъун гъæуй æма нæмæ фæмминкъийдæр æй, как рамардæй, уони бæрцæ: 2023 анзи фиццаг æмбеси сæ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 3522 адæймаги, 2022 анзи фиццаг æмбеси ба – 4575 адæймаги.

Раст зæгъгæй, ранимад бæрæггæнæнтæ æвдесунцæ нæ республики цæрæг еугур адæмихæттити еумæйаг уавæр. Фал, баруагæс уи уæд, нæ адæми туххæй демографион æвдесæнтæ дæр  нæ хъæбæр уæззау сагъæсти æфтаунцæ.

…Алли анз дæр хъæбæр парахаттæй исбæрæг кæнæн Задæлески Нанай бон. Нæхецæй хъæбæр ниббоз уæн, æгайтима уæхæн бæрæгбон бабæй райаразтан, зæгъгæ. Фал, цума Задæлески  Нана ба ни боз æй? Æности идæрдтæй нæмæ, æвæдзи, фæккæсуй æма нийнæфуй: «Мæнæн бæрæгбæнттæ аразуни бæсти уæ исонибони дзилагæбæл батухсетæ…» Æма ин æ еци раст уайдзæф фегъосдзинан?..

Абони ба мухур кæнæн Задæлески Нанай туххæй таурæхътæй еу, кæдимайди ба нин е дæр нæ зундирахаст фæррæстмæ унæн фæййагъаз уидæ.