ЗÆНХÆ САЙГÆ НЕКÆД КÆНУЙ, САЙГÆ ’Й КАДÆР КÆНУЙ…
Еугур рæстæгути дæр еугур адæмтæн дæр сæ цардиуаги тæккæ агъазиаудæр уидæ æма æй зæнхи фарста. Уотæ адтæй Иристони дæр, уæлдайдæр ба хуæнхбæсти. Зæнхи хæйттæмæ гæсгæ лухгонд цудæнцæ адæми ’хсæн рахастдзийнæдтæ, сæ цардиуаги хабæрттæ. Зондзинайтæ ’й, Советон хецаудзийнадæ Уæрæсей нæуæг цардарæзт ниффедар кæнунмæ ку бавналдта, уæд æ фиццаг Декреттæ адтæнцæ сабурдзийнадæ æма зæнхи туххæй – цæмæй еци дууæ гъуддаги хуæрзгæнæг уонцæ фæллойнæгæнæг дзиллитæн. Æма, зæгъæн, кæд зæнхæ уой размæ фулдæр хæттити исуидæ æхсæнади медæгæ нихмæлæуди æма хæлхъойти рæуонæ, уæд советон доги ба иссæй бæркадæй адæмæн фарнæхæссæг. Фал уæдмæ советон цардарæзт фехалдæй, æма еугурадæмон хæзна – зæнхæ – иссæй хæлæйфаг. Еци хæлæфгæнгути ратонæ-батонитæй нæ фæййервазтæнцæ Цæгат Иристони зæнхитæ дæр. Равгитæ кæмæн адтæй, етæ, фулдæр хæттити фæливд миути фæрци сæхе бакодтонцæ сауæнгæ æвналун кæмæ не ’нгъизтæй, еци зæнхитæ дæр…
Нур еци æнæрастдзийнæдтæ райеуварс кæнунбæл архайуй нæ республики разамунд.