12 декабря 2024

ЗÆРДÆХЦÆУÆН ЦАРД ПАДДЗАХÆН ДÆР КУ НÆЙЙЕС!..

12.08.2023 | 22:12

Уæрæсей цæргутæ уæлдай хъæбæрдæр цæмæ бæллунцæ? Еци фарста исбæрæг кæнуни зæрдтæй æхсæнадон цæстингас æртасæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ телефонæй бафарстонцæ нæ бæсти 1600 адæймагей, кæцити бон адтæй æртæ хузи дзуапп раттун.

Æма куд рабæрæг æй еци æрфарсти, уотемæй адæм уæлдай хъæбæрдæр бæллунцæ сæхе æма сæ хæстæгути æнæнездзийнадæмæ (10%), сæ бийнонти цæрæн уавæртæ фæххуæздæр унмæ (10%) æма балци кæнунмæ (8%). Ке бафарстонцæ, уонæн се ‘мбесæй фулдæр (55%) бæлвурдæй зонунцæ, сæ бæлдитæ кæд исæнхæст уодзæнæнцæ, уой. Сæ зæрди ци ес, е син еу-дууæ анземæ бантæсдзæнæй, зæгъгæ, нисан кæнунцæ 27%, æртæ-фондз анзей дæргъи ба – 15%, уобæл ка нæма расагъæс кодта, уони бæрцæ ба рауадæй 15%.