18 апреля 2024

ЗÆРДИРАЙ УОТÆ, НÆ ЦИТГИЙНАГ ХЕСТÆРТÆ!..

29.09.2020 | 18:32

Иннæбон, 1 октябри æнæгъæнæ дуйней дæр бæрæггонд цæудзæнæй каргун адæми Æхсæнадæмон бон. Аци бæрæгбон, махмæ гæсгæ, æй нæ еугур бæрæгбæнттæн дæр сæ тæккæ цитгийнагдæр, уомæн æма нин цард дæр етæ равардтонцæ, нæ зæнхон амонд дæр нин уони фæрци æй, уонæй æй нæ нифс æма разæнгарддзийнадæ… Æма си æгæрон боз уогæй, абони нæ  цардæгас хестæрти гъæуама исбоц кæнæн, рæстуодæй син райарфæ кæнæн æма син фæлмæн загъдæй зæгъæн: «Зæрдирай уотæ, сæрбæрзонд уотæ уæ кæстæртæй, сæ арфиаг гъуддæгутæй федардæр кæнæд уе ’нæнездзийнадæ, райдзаст си уæнтæ уæ хъиамæтгун зæрдитæ…