22 декабря 2024

ЖУРНАЛИСТ СИ КУ НӔ ЗӔГЪА!..

15.01.2022 | 12:02

☺☻☺

Сӕйраг редактор дзоруй журналистӕн:

– Статья ниффинсӕ газеттӕ телевизорӕй хуӕздӕр ке ‘нцӕ, уой туххӕй. Уӕдта, ӕнӕмӕнгӕ, ма феронх кӕнӕ уой баханхӕ кӕнун дӕр, телевизори ци аййеп ес еци гъуддаг дӕр.

– Ӕма е ба ци ӕй?

– Куд ци? Телевизорӕй дӕ цӕсгон нецихузи нихгӕн-дзӕнӕ…

 

☺☻☺

Еу-дууӕ адӕймагей дзубанди:

– Балӕдӕрун мин кӕнай, нӕ паддзахади ци цаутӕ цӕуй?

– Гъо, ӕма ӕз нуртӕккӕ гъе уой туххӕй уадзимис финсун.

– Уадзимис ӕз мӕхуӕдӕг дӕр ниффинсдзӕнӕн. Фал мин ӕй уӕддӕр балӕдӕрун кӕнӕ, уӕддӕр ци цаутӕ цӕуй нӕ паддзахади?

 

☺☻☺

Географий ахургӕнӕг скъоладзаумӕ фарста равардта:

– Ести зонис Панамӕйаг канали туххӕй?

– Неци, – дзуапп равардта биццеу. – Мах телевизор Панамӕйаг канал нӕ ахӕссуй.

☺☻☺

Еу зундгонд артисткӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй ӕртиккаг сувӕллони фӕззиндмӕ. Уой фӕдбӕл ӕ дууӕ сабийи дзубанди кӕнунцӕ.

– Ци дессаг ӕй, – дзоруй кизгӕ, – нӕ мадӕ, цума, кутемӕй базудта, сувӕллон ин уодзӕнӕй, уой?

– Ци гъӕла дӕ! – дзоруй имӕ минкъий биццеу. – Уой туххӕй алли газетти дӕр ку финсунцӕ.

 

☺☻☺

– Мах редактор некӕд мухур кӕнуй, нӕ газет нин ка некӕд рафинсидӕ, еци адӕймӕгути рамӕлӕти фӕдбӕл тӕфирфӕстӕ.

– Цӕмӕннӕ?

– Уотӕ фӕззӕгъуй, гъома, дан, еци адӕймӕгутӕ ӕгириддӕр некӕд цардӕнцӕ.

 

☺☻☺

Ӕ киндзӕхсӕвӕрбӕл цалдӕр бони ку рацудӕй, уӕд кизгӕ ӕ мадӕмӕ дзоруй:

– Лӕгмӕ журналистмӕ некӕдбал ӕрцӕудзӕнӕн!

– Ци ‘рцудӕй, мӕ зӕрдтаг? Дзӕбӕх адӕймаг ку ӕй.

– Ци бакодта, уой зонис: ӕ газети ниммухур кодта кин-дзӕхсӕвӕри размӕ имӕ ци уарзондзийнади финстӕгутӕ финстон, уони.

– Hyp уобӕл ба ци тухсис, е дин гъӕуама ӕхцӕуӕн уа.

– Бӕргӕ, фал мин кутемӕй ӕхцӕуӕн уа, кӕд ӕма сӕ ниммухур кодта, «Ходӕги дзубандитӕ», зӕгъгӕ, сӕ газети ци хай ес, уоми.

 

☺☻☺

– Алло, игъосис, аци бони газет «Правда»-йи номер кастӕ? Ку ‘й зонисӕ, ци финст си ес?!.

– Уанӕбӕрӕг си ци финст ес?

– Цитӕ дзорис!..Уомӕн телефонӕй койгӕнӕн неци хузи ес!..

 

☺☻☺

Цубурдзийнадӕ – искурдиади хуӕрӕ ‘й, фал журналистӕн ба ӕ уоси мадӕ.

☺☻☺

Журналист:

– Ӕз уӕмӕ ӕрбацудтӕн интервью райсунмӕ.

Зундгонд паддзахадон архайӕг:

– Дӕхе ци фӕндуй уой си ниффинсӕ, уой фӕсте ба ибӕл мӕхуӕдӕг мӕ къох ниввӕрдзӕнӕн.

Журналист:

– Табуафси, мӕнӕ мӕ хӕццӕ ‘й ӕрмӕг, бакӕсӕ ‘й .

 

☺☻☺

Фондз анзи лӕг ӕма уосӕ бийнонтӕй ку фӕццардӕнцӕ, уӕд сӕ телевизор басастӕй.

– Ибилистӕ дӕ фӕххӕссӕнтӕ! – нигъгъӕр кодта лӕг ӕ фурмӕстӕй, цирагъ исцӕфсун кодта ӕма киунугӕ ӕ къохтӕмӕ райста.

– Мӕнӕ дессаг! – исдзурдта ӕ уосӕ. – Кӕсун дӕр зонис?

 

☺☻☺

Еу хъӕрӕу лӕг гъӕунги бадуй, уотемӕй адӕммӕ даруй хъӕбӕр гӕгъӕдий гӕбазӕ, «ФӔЙЙАГЪАЗ КӔНЕТӔ ХЪӔРӔУӔН», зӕгъгӕ, ибӕл финст, уотемӕй. Фал ин еу къапекк дӕттӕг нӕййес. Уӕд ӕ рӕзти цӕуӕг адӕмӕй имӕ еу дзоруй:

– Дӕ финст раст нӕй. Ӕндӕр хузи ниффинсӕ, ӕма дин уӕд дӕтдзӕнӕнцӕ ӕхца.

– Нӕ, раст финст мин ӕй, ӕз мӕнгӕттӕ дзорун нӕ зонун.

– Ӕма дин мӕнгӕтти кой ка кӕнуй?!. Ӕз фӕлтӕрдгун журналист дӕн. Ӕз дин, куд гъӕуй, уотӕ ниффинсдзӕнӕн!

Уой финсти фӕсте хъӕрӕуӕн, ӕцӕгӕйдӕр, ӕхца дзӕвгарӕ дӕттун райдӕдтонцӕ. Деси бацудӕй, уанӕбӕрӕг ин ци ниффинста, зӕгъгӕ, ӕма еу цӕуӕги бафарста. Е ин бакастӕй еци финст: «ТАГЪД УАЛДЗӔГ РАЛӔУДЗӔНӔЙ, ФАЛ ӔЙ ӔЗ НӔБАЛ ФӔУУИНДЗӔНӔН…»

 

☺☻☺

Александр Македонский, Цезарь ӕма Наполеон кӕсунцӕ Мӕскуй Сурх фӕзи ӕфсӕддон парадмӕ.

– Ехх, советон танкитӕ мӕмӕ ку адтайдӕ, – дзоруй Александр Македонский, – уӕд мӕбӕл неке фӕхъхъӕбӕрдӕр адтайдӕ.

– Мӕнмӕ ба советон хуӕдтӕхгутӕ ку адтайдӕ, – дзоруй Цезарь, – уӕд еугур дуйней дӕр байахӕстайнӕ.

– Мадта мӕнмӕ ба газет «Правда» ку адтайдӕ, уӕд нури уӕнгӕ дӕр некема базудтайдӕ Ватерлоо! – загъта Наполеон.

☺☻☺

Базари еу лӕгмӕ бацудӕй цигайнаг.

– Дӕ бон хуарз! Фарӕ дин ка ниххуӕдмӕл ӕй, еци гъог куд ӕй, ести ӕхсир кӕнуй?

– Гъӕла дзорӕ ци кӕнис? Ка ниххуӕдмӕл уй, еци гъог ма ӕхсир фӕккӕнуй?!.

– Гъо, гъӕйдӕ, мӕстгун ма кӕнӕ. Нӕ дзубанди естӕмӕй райдайун нӕ гъудӕй? Рахӕссай еу тамаку…

 

☺☻☺

– Сӕйгӕ, дӕуӕн мӕмӕ ес дууӕ хабари: сӕ еу хуарз, иннӕ ба лӕгъуз. Кӕцимӕй си райдайон?

– Гъӕйдӕ лӕгъуз хабарӕй райдайӕ, хуарз хабари кой ба ӕгириддӕр ма искӕнӕ!

– Цӕмӕ?

– Уомӕн ӕма ӕз журналист дӕн, ӕма лӕгъуз хабӕрттӕ игъосун кӕнунбӕл уӕлдай ӕхцулдӕр дӕн…