22 декабря 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪД ФАТ ӔЙ!..

26.06.2021 | 10:31

Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг Сталин гъӕуайкӕнуйнади Паддзахадон комитети ӕмбурди, артаги къабази уӕди бӕрнон разамонӕг Николай Байбаковӕн байхӕс кодта, цӕмӕй хъӕбӕр цубур рӕстӕгмӕ байгон кодтайуонцӕ нефти нӕуӕг игурӕнтӕ. Байбаков хъӕбӕр батухстӕй, уӕхӕн цубур рӕстӕгмӕ е нӕ къохи нӕ бафтуйдзӕнӕй, зӕгъгӕ. Уӕд ин Сталин цубурӕй загъта:

– Уодзӕнӕй нефть – уодзӕнӕй Байбаков, нӕ уодзӕнӕй нефть – нӕ уодзӕнӕй Байбаков!..

Еци дзубандий фӕсте цубур рӕстӕгмӕ нефти нӕуӕг игурӕнтӕ байгон ӕнцӕ Татарстани ӕма Башкирий.

Паддзахади разамонӕг, ӕвӕдзи, гъе уотӕ карзӕй ихӕсгин кӕна, ӕнӕмӕнгӕ исӕнхӕсткӕнуйнаг паддзахадон гъуддӕгутӕ кӕмӕн бабарӕ кӕнуй, еци министртӕ ӕма хецаудзийнади бӕрнон бунӕттӕ ахӕссӕг лӕгти. Ӕндӕр ба е куд ӕй – нӕ бӕсти Президент, паддзахадӕн дӕр ӕма адӕмӕн зингӕ ка фӕппайда уодзӕнӕй, уӕхӕн фӕдзӕхститӕ цӕйбӕрцӕ раттуй, сӕ ӕнӕмӕнгӕ исӕнхӕст кӕнунбӕл ӕновудӕй ка гъӕуама байархайа, етӕ ба сӕмӕ цийфӕнди цӕстӕй ракӕсунцӕ. Ӕма сӕ зингӕ-зингӕ фулдӕр хай ӕнхӕстгонд не ’рцӕунцӕ, уотид гӕгъӕдибӕл финстӕй байзайунцӕ. Ке фудӕй уотӕ рауайуй, уонӕй ба дзуапп агурд нӕ цӕуй, некӕцихузи ӕфхуӕрд баййафунцӕ сӕ комкоммӕ гадзирахат миути туххӕй. Ӕма етӕ дӕр ӕгириддӕр нецӕмӕй тӕрсунцӕ… Уомӕ гӕсгӕ ба нӕмӕ ӕгӕр исберӕ ’нцӕ тухсунгӕнӕг фарстатӕ…

Гай САЛЛЮСТИЙ Крисп, рагонромаг историк: «Кадӕр уотӕ, тугъд, дан, мӕгурти исафуй…» Антисфен (рагонбердзенаг философ) ба ин дзуапп равардта: «Нӕ фал мӕгурти нимӕдзӕ дзӕвгарӕ фулдӕр фӕккӕнуй…»

Аци дзурдарӕхст лӕгтӕ дууемӕй дӕр, ӕвӕдзи, раст ӕнцӕ. Фал махбӕл, Уӕрӕсей хумӕтӕг дзиллӕбӕл абони ӕнӕтугъдон уавӕри тугъдон дзаман цӕмӕн никкодта? Дессагӕн: фарӕ, сауӕнгӕ пандемий тӕккӕ тухстаг уавӕрти дӕр, уӕрӕсейаг бонгинӕй-бонгиндӕртӕ ӕгириддӕр нӕ фӕммӕгурдӕр ӕнцӕ, уой хӕццӕ ба ма сӕ  бӕрцӕ фӕффулдӕр ӕй ӕма абони ӕнцӕ 500. Еци рӕстӕг ба нӕмӕ фӕффулдӕр ӕй мӕгурӕй-мӕгурдӕр ка цӕруй, уӕхӕнтти бӕрцӕ – 21 миллион адӕймаги. Росстати нимадмӕ гӕсгӕ, ӕцӕгӕй ба, ӕвӕдзи, уодзӕнӕнцӕ 35-41 миллионемӕ хӕстӕг…

 

 

Михаил ЛОМОНОСОВ (1711-1765), номдзуд уруссаг ахургонд: «Дӕхе мӕнгӕ гъудити фарс рахуӕцун ӕй еске раст гъудити фарс рахуӕцун кадгиндӕр ӕй…»

Аци загъд, бӕргӕ, зундихуасӕ ку фестидӕ, нӕ паддзахади гъуддӕгутӕ аразун ке бӕрни ӕй, уонӕн. Уомӕн ӕма сӕ миутӕмӕ гӕсгӕ адӕймаг уотӕ дӕр расагъӕс кӕнуй, цума уонӕй беретӕ еске раст гъудитӕ балӕдӕрунгъон нӕ, фал ма уотид гъудикӕнунгъон дӕр нӕ ’нцӕ. Кӕд уотӕ нӕй, уӕд нӕ абони цардарӕзти нӕ хъоргӕнӕг ӕдулидзийнӕдтӕ уоййасӕбӕл цӕмӕн исберӕ ’нцӕ?..

 

Элберт Грин ХАББАРД (1856-1915), америкаг финсӕг: «Устур искурдиади хецау ка й, уонӕй алкӕмӕндӕр ес ӕхе арӕнтӕ, искурдиадӕй цох хомух ба арӕнтӕ ӕгириддӕр нӕ зонуй…»

Е, ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ‘й, уой абони нӕхуӕдтӕ нӕ уинӕн?!. Кӕми ци къумухтӕ ес, етӕ, цӕсгондзийнадӕ ӕма ӕфсӕрмий арӕнтӕ  нецӕмӕ даргӕй, кумӕти ба нӕ лӕсунцӕ: ка си  депутаттӕ, сауӕнгӕ Паддзахадон Думи дӕр, ӕма сенатортӕ раунцӕ, ка си хецаудзийнади бӕрзонддӕр  бунӕттӕмӕ батомар кӕнуй, ка си… Еузагъдӕй, уони къохти бафтуйунцӕ нӕ паддзахади  цардаразӕг гъуддӕгутӕ, ӕма  нин уӕхӕн ӕнарӕхсгити фудӕй нӕ размӕцуди, цӕйбӕрцӕ гъӕуама уа, уотӕ не ’нтӕсуй.