21 ноября 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪДМӔ МА ИГЪОСӔГ КУ УИДӔ…

29.04.2022 | 15:00

Номдзуд Насреддин еу лӕги хӕццӕ ке фӕххилӕ ’й, уомӕ гӕсгӕ ’й, ӕ хецау кӕми бадтӕй, еци къанторӕмӕ ӕрбакодтонцӕ. Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй ма цалдӕр боней размӕ дӕр ӕй цидӕр гъуддаги фӕдбӕл уордӕмӕ бакодтонцӕ.

Хецау ӕй ку рауидта, уӕд ин еци карзӕй бауайдзӕф кодта:

– Ходуйнаг дин нӕй, Насреддин, нур дуккаг хатт дӕ мӕ къантори!..

– Ӕма уоми дессагӕй ци ес? – рафарста ӕй Насреддин.

– Куд ци? Раст адӕймаг ардӕмӕ некӕд ӕрбацӕудзӕнӕй, уой нӕ зонис?

– Байгъосай, мӕ хӕлар, – дзоруй Насреддин, – ӕз ами ӕдеугурӕй дуккаг хатт дӕн, ду ба си алли бон дӕр фӕууис…

***

Ӕма абони хецаудзийнади бӕрнонӕй-бӕрнондӕр бунӕтти минкъий бадуй уӕхӕн хецӕуттӕ? Уонӕн сӕ фулдӕрей нецихузи банимайӕн ес раст адӕймӕгутӕбӕл, уомӕн ӕма раст гъуддӕгутӕ раст аразунӕй ихӕсгин уогӕй, етӕ сӕ бустӕги ӕнӕраст рауайун кӕнунцӕ. Уой дӕр, нӕ еугур бӕстӕн дӕр ӕма хумӕтӕг адӕмӕн дӕр зӕран ка расайуй, уӕхӕн фӕстеугути хӕццӕ. Е бӕлвурд ӕй, «нӕуӕг» Уӕрӕсей нӕуӕг разамонгутӕ нӕ кӕддӕри гъомусгин адӕмон хӕдзарадӕн ци фудӕзнаггадӕ исаразтонцӕ, куд ӕй бабун кодтонцӕ ӕма агъазиау паддзахадӕ, кедӕр загъди хузӕн, дӕрӕнгонд тӕгӕнай рази куд райзадӕй, уомӕй дӕр.

Кирилл КАБАНОВ, коррупций нихмӕ Национ комитети разамонӕг: «Ӕма нур фараст анзей дӕргъи цӕуй куст коррупцион фӕззиндтитӕ фӕмминкъийдӕр кӕнунбӕл…»

Ӕма?.. Цума еци фӕззиндтитӕ кутемӕй гъӕуама фӕмминкъийдӕр уонцӕ, кӕд ӕма сӕ нихмӕ тохгутӕн сӕ фулдӕр, уӕлдайдӕр ба сӕ тӕккӕ баргъондӕртӕ, сӕхуӕдтӕ фуддӕрӕй-фуддӕр коррупционертӕ ’нцӕ?..

 

Михаил ШЕМЯКИН, хузӕгӕнӕг: «Мах бабӕй дзихъиртнӕуӕгӕй ан еугуремӕй хуӕздӕр, еугуремӕй растдӕр. Тагъд рӕстӕги ба дзорун райдайдзинан, махӕй амондгундӕр зӕнхи цъарӕбӕл нӕййес, зӕгъгӕ».

Советон доги нӕ адӕми сӕ мӕгургомау царди уавӕрти дӕр туххӕйти дӕр ӕууӕндун кодтонцӕ, цӕйбӕрцӕбӕл амондгун ӕнцӕ ӕма цӕйбӕрцӕбӕл дзенет син уодзӕнӕй, мӕнӕ-мӕнӕ ци коммунизм ралӕудзӕнӕй, уоми. Фӕффудевгед ӕнцӕ, Советон Цӕдес фехалдӕй, коммунизмӕн дӕр ӕ кой нӕбал ес. Уӕддӕр амондӕй зӕрдӕвӕргутӕ ба абони дӕр фагӕ ’нцӕ. Ӕцӕг нин зӕгъунцӕ: ӕхца нӕййес, бабухсетӕ ӕма уӕ исонибон уодзӕнӕй тӕккӕ амондгундӕр. Ӕцӕг – уӕддӕр кӕд ралӕудзӕнӕй еци исонибон ӕма нури фӕлтӕртӕ уӕди уӕнгӕ цӕргӕ ба фӕккӕндзӕнӕнцӕ?..

Дмитрий ЛИХАНОВ, сувӕллӕнтти фондти Ӕхсӕндуйнеуон ассоциаций разамонӕг: «Адӕймаг е ‘носон дуйнемӕ банӕхстӕр уй, ӕ хӕццӕ айдагъдӕр ӕ уод, уотемӕй, ӕндӕр неци ‘й ӕ бон уордӕмӕ ӕ хӕццӕ райсун…»

Бӕргӕ уотӕ ’й, фал еци ӕцӕгдзийнадӕ кӕд баруагӕс уодзӕнӕй абони ӕ рӕбунтӕ мулкитӕй идзагӕй-идзагдӕр ка кӕнуй, еци ӕнӕфсес зудӕгӕнгӕнгутӕй. Ӕви сӕхе Ӕнӕмӕлгӕ Кащейтӕ ӕнгъӕлунцӕ? Уогӕ тӕккӕ фуддӕр Кащейтӕ ’нцӕ, фал ӕнӕмӕлгӕ ба нӕ ’нцӕ. Ӕма кӕмӕн бунтӕ кӕнунцӕ? Цӕмӕй сӕ байзайӕггӕгтӕ никкӕрӕдземитӕ уонцӕ, еци бунтӕбӕл хӕлӕф кӕнгӕй.