29 апреля 2024

АДÆМИ УОДÆНЦОЙНÆН

14.04.2023 | 21:39

Нæ республики Хецауадæ æма акционерон æхсæнадæ «Газпром» бафинстонцæ 2021-2025 æнзтæн Цæгат Иристон газæй æфсадуни æма газ хæдзæрттæмæ уадзуни программæ. Е æнæгъæнæйдæр æнхæстгонд кæд цæуй, уæддæр фæззиндтæй нæуæг, æнæмæнгæ райаразуйнаг фарстатæ. Уомæ гæсгæ ба багъудæй нæуæггонд программæ бафинсун. Уомæ гæсгæ æвæрд æрцæудзæнæй гъæути ’хсæн гази хæтæлти 79 километри, уæдта цæрæн бунæтти медæгæ 18,3 километри гази хизæгтæ, уой фæрци газ бауадздзæнæнцæ никкидæр ма 23 цæрæн бунатемæ Алагири, Ирæфи æма Мæздæги районти. Æдеугур еци артаг фæззиндзæнæй 330 хæдзареми, уæдта ахурадон, культурон æма æндæр социалон косæндæнтти.

Программи фæлгæти арæзт æрцæудзæнæй гази станцæ «Зæрæмæг». Уой фæрци газ бауадзунæн фадуат фæууодзæнæй туристон комплекс «Мамисон»-мæ.

Уомæй уæлдай ма газиуарæн станцæ «Цæгатаг» исараздзæнæнцæ Дзæуæгигъæуи, республики авд станци ба сæ косæнгарз фæннæуæгдæр кæндзæнæнцæ. Уæд фæффулдæр уодзæнæй газ æрветуни бæрцæ Æрæдони, Ирæфи, Рахесфарси, Горæтгæрон, Мæздæги районти æма Дзæуæгигъæуи.

Нæ республикæ дæр æ агъази хай кæндзæнæй, газ æ хæдзæрттæмæ ка уадзуй, еци цæргутæн.

Зæгъун ма гъæуй уой, æма Цæгат Иристон Уæрæсей ахæссуй раззаг бунæттæй еу газæй пайда кæнунæй.