04 октября 2024

АДÆМИ УОДÆНЦОЙНÆН

30.06.2023 | 23:38

Республикон сæрмагонд къамиси унаффæмæ гæсгæ бюджетон фæрæзнити харзæй аци анз гъæуама æнхæстгонд æрцæуонцæ муниципалитетти æхсæнадон фæлладуадзæн бунæтти райарæзт æма фæлгонцади цуппар проекти. Уой туххæй дехгонд æрцæудзæнæй 15 миллион сомей бæрцæ фæрæзнитæ.  Куд нисангонд цæуй, уотемæй аци проекттæ гъæуама æнхæстгонд æрцæуонцæ аци анзи кæронмæ. Къамиси æмбурди республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис æ кæронбæттæни радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй уæхæн проекттæ ма идарддæр дæр арæзт цæудзæнæнцæ. Æма районти æма профилон ведомствити разамонгутæн байхæс кодта, цæмæй уони цæттæ кæнгæй нимад цæуонцæ бунæттон цæргути фæндитæ дæр.