04 октября 2024

АДÆМИ УОДÆНЦОЙНÆН

28.10.2023 | 21:45

Паддзахадон Думæ гъæуама æркæса «Æнæстуфдзийнади туххæй» закъони проектмæ. Уоми куд амунд цæуй, уотемæй æхсæви еуæндæс сахаттемæй ба сæуми авд сахаттей уæнгæ, адæми ка тингун кæнуй, уæхæн гъæрæй унæргæнæг миутæ аразун не ’нгъездзæнæй. Закъонæвæргути фæндонмæ гæсгæ аци закъон фиццаг хатт ка фехала, уой фæййиваргæнæн уодзæнæй 500-2000 сомемæй, хецауадон бунатахæссæги – 5-10 мин сомемæй, юридикон иуонги ба – 20-50 мин сомемæй. Ауæхæн закъон æнæмæнгæ гъæуй – косгæ бони фæсте адæймаг æ хæдзарæмæ ку æрбацæуа, уæд æй æ синхæнттæ сæ æнафони æзгулитæй ма хъор кæнонцæ, гъæуама ин уа фадуат æнцад уавæрти æ фæллад исуадзунæн.