06 октября 2024

ÆФСÆДДОН ПРОКУРАТУРÆ ИГЪОСУН КÆНУЙ

21.09.2024 | 22:59

Аци анз 6 апърелæй фæстæмæ æ тухи бацудæй «Уæрæсей Федераций Фæллойнадон кодексмæ æййивддзийнæдтæ бахæссуни туххæй» 70-аг федералон закъон.

Куд амунд си цæуй, уотемæй, сæрмагонд æфсæддон операций ка фæммард æй, кенæ, тугъдон цаути ветеран уогæй, ка фæммард æй, уони бийнойнæгтæ (кенæ идæдзæ нæлгоймæгтæ), дуккаг хатт  лæгмæ ка нæбал æрцудæй (кенæ дуккаг бийнонтæ) кæд не ’скодтонцæ, уæд сæ кустдæттæг сæ кустæй рарвета, уæхæн барæ ин нæййес, адæймаг ци бон рамардæй, уомæй анз цалинмæ нæ рацæуа, уæдмæ.

Уой хæццæ, закъони ес хецæндзийнæдтæ дæр.

Зæгъæн, кустуат ихæлд ку ’рцæуа, кенæ хеамалгъон æ амалгъонадон кустæн кæрон ку искæна, кенæ косæг æнæ рæуонæй æ фæллойнадон ихæстæ æнхæст ку нæ кæна, кенæ кусти æгъдау ке ихалуй, уой туххæй æфхуæрд ку ’рцæуа, кенæ фæллойнадон бадзурд аразгæй, кустдæттæгæн мæнгæ гæгъæдитæ ку бавдеса, уæд уæхæн уавæрти амунд закъон адæймаги нæ багъæуай кæндзæнæй.