21 декабря 2024

ÆХЦÆУÆН ХАБÆРТТÆ

29.12.2022 | 14:26

Бундорон цалцæги фæсте байгон æй Ирæфи райони поликлиникæ. Нури домæнтæмæ гæсгæ си еугур равгитæ дæр ес адæмæн алливæрсуг медицинон агъаз кæнунæн. Еци агъаз ба еу бонмæ лæвæрд цæудзæнæй 300 сæйгемæн.

* * *

Дууадæс цæгатиристойнаг бийнонтемæн фæззиндтæй равгæ сæ цæрæнуатон уавæртæ фæххузæнондæр кæнунæн.

Аци хабар фегъосун кодта нæ республики Гъæууон хæдзарадæ æма хуайраги министради пресс-службæ. «Бийнонтæн цæрæнуат исаразуни  кенæ æ балхæнунæн æхца равардтонцæ. Адæмæн лæвæрд æхцай еумæйаг бæрцæ ‘й минкъий гъæуагæй 27 миллион соми», – финст æй еу игъосункæнуйнаги.

Амунд программи архайæг адæми ихæс æй æнæмæнгæ гъæуи цæрун æма си агропромышленнон комплекси кенæ социалон къабази косун.

* * *

Цæгат Иристони сæ цæрæнуатон уавæртæ фæххуæздæркæнуйнаг кæмæн æнцæ, уæхæн 29 цæгатиристойнаг сахъат адæймаги райсдзæнæнцæ гъæугæ субсидитæ.

Субсидиесæг адæймæгути номхигъдмæ 2005 анзей фæсте цæрæнуатон хигъдмæ хаст сахъат адæми еумæйаг номхигъди финст æнцæ дæс æма дууинсæй адæймаги. Республикæн 27 миллион сомей бæрцæ æхца ке радех кодтонцæ, уой фæрци уодзæнæй цæрæнуæттæй амунд къуармæ хауæг 29 адæймагемæн фæййагъаз кæнуни фадуат. Еу адæймагмæ хауй фарастсæдæ æма финддæс мин соми.