09 майя 2024

ÆМГУСТАДÆ

10.02.2024 | 22:23

Цæгатиристойнаг компанити къуар «Бæгæнифицæн хæдзарæ «Бавари»-й зæрди  ес æ уагъд продукци Сербимæ æрветуни туххæй бадзурд исфедар кæнун. Мæскуй рацæуæг хуайраги еугуруæрæсеуон равдист «Продэкспо»-йи архайгæй, аци хабар фегъосун кодта компаний коммерцион директор Абойти Заур. Æ загъд фæббæлвурд кодта: «Сербий минæвæрттæ се ’ргом раздахтонцæ нæ къумæлмæ. Адгин дон уадзунæн гъæугæ сæйраг бауæргъæдтæй еуей æлхæнунæн аргъ цæмæй фæййасландæр уа, уобæл, уæдта Азербайджанмæ нæ продукци æрветунбæл  бадзубанди кодтан. Устурдæр æлхæнгутæй еуей фæрци нæ уагъд продукций бæрцæ ке фæффулдæр уодзæнæй, уобæл бафедудтан. Амæй размæ аци æлхæнгутæ адгин дони хæццæ баст кæд нæ адтæнцæ, уæддæр æмгустадæбæл бадзубанди кодтан.