09 майя 2024

ÆМГУСТАДÆ

26.08.2023 | 19:45

Зундгонд куд æй, уотемæй нæ республики æма  Запорожьей облæсти Чернигови райони минæвæрттæ айразмæ бафинстонцæ бадзурд гуманитарон æмгустадæ æма экономикон бастдзийнæдтæ парахатдæр кæнуни туххæй. Æма уой фæдбæл куст æ тæмæни æй. Зæгъæн, цæгатиристойнаг аразгутæ бавналдтонцæ, Чернигови райони Ильиной гъæуи астæуккаг  скъола бацалцæг кæнунмæ. Аци ахургæнæндонæ 1978 анзи арæзт æрцудæй, 1991 анзæй фæстæмæ ба ахурадон уагæдони дон нæбал адтæй, дондзæуæн хизæг лæгъуз уавæрмæ ’рцудæй. Нуртæккæ специалисттæ архайунцæ дон бауадзунбæл, æмбæрзунцæ скъолай сæр, цалцæг кæнунцæ хе æхснæн бунæттæ.