11 ноября 2024

ÆНÆНЕЗДЗИЙНАДÆ

26.08.2023 | 19:44

Коронавируси нихмæ дзиллон  вакцинаци кæнуни туххæй унаффæ гъæуама хаст цæуа региони æмвæзадæбæл, исæвзургæ санитарон-эпидемиологон уавæр хинцгæй.

Уæхæн хъæппæреси хæццæ радзубанди кодта Уæрæсей Федераций Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради официалон минæвар.

Куд зонæн, уотемæй эксперттæй еуæй-еуетæ фæндæ бахастонцæ, цæмæй коронавируси нихмæ вакцинаци хаст æрцæуа национ медицинон къæлиндармæ. Еци хъæппæресæн аргъ кæнгæй, федералон министрадæ национ медицинон къæлиндармæ æййивддзийнæдтæ бахæссунбæл не ’сарази æй. Уомæн æма ведомстви специалистти гъудимæ гæсгæ, нуртæккæ нæ бæсти коронавируси нихмæ равзурдæй федар дзиллон иммунитет. Æма аци нези нихмæ вакцинаци национ медицинон къæлиндармæ хæссуни фарста нуртæккæ нæ лæууй.

Уой хæццæ, министради минæвæрттæ растбæл нимайунцæ, адæми дзиллон вакцинаций туххæй унаффæ  регионти æмвæзадæбæл хаст куд цæуа, уой. Ке зæгъун æй гъæуй, исæвзургæ санитарон-эпидемиологон уавæрæн лæмбунæг аргъ искæнгæй. Фал нуриуæнгæ куд адтæй, уотæ адæми кæцидæр къуæрттæн коронавируси нихмæ вакцинаци уодзæнæй æнæмæнгæ кæнгæ.

* * *

Аци анз программитæ «Гъæууон дохтир» æма «Гъæууон фельдшер»-мæ гæсгæ Цæгат Иристони косæг 24 дохтири æма дууæ астæуккаг медицинон косæгей хæццæ бадзурдтæ исфедар кæндзæнæнцæ.

Нерæнгæ æдеугурæй федаргонд æрцудæй фараст бадзурди (уонæй дууæ арæзт æрцудæнцæ дууæ астæуккаг медицинон косæгей хæццæ).

Программитæ æнхæстгонд цæунцæ, гъæути ци дзæбæхгæнæндæнттæ ес, уонæми медицинон косгути нæхъæртондзийнæдтæ райеуварс кæнуни нисанеуæгæй.