09 майя 2024

ÆРИГОН БИЙНОНТÆН

18.11.2023 | 15:47

Цæгат Иристони идарддæр æнхæстгонд цæуй паддзахадон программæ «Æригон бийнонтæн фатертæ дæттун». Нуртæккæ кезуй лæуунцæ 1130 æригон бийнонти. Хигъд аразунцæ муниципалон оргæнтæ, анз имæ еу хатт æркæсунцæ æма ‘й иснæуæг кæнунцæ. Кезуй æнгъæлмæкæсгутæн цæрæнуат раттуни туххæй аци анз программæмæ гæсгæ федералон республикон æма муниципалон бюджетæй еумæйагæй дехгонд æрцудæй 129,949 миллион соми. Программæн æ размæ ци домæнтæ лæууй, уони æнхæст кæнун не ‘ййафуй, уомæн æма, нуртæккæ кезуй ка лæууй, еци бийнонтæн сæ фарста ралух кæнуни туххæй гъæуй 1 миллиард 605 миллион соми, æмæ уæд гъуддаг æнхæстгонд æрцæуидæ фондз-æхсæз анземæ.