09 майя 2024

АХСГИАГ ГЪУДДАГ

17.06.2023 | 22:52

Цæгат Кавкази кæсалгæдарунади территориалон управлений Цæгат Иристони хайадæ аци анз Фиййагдонмæ рауагъта каспиаг кæсалгæ лæсæги (лосось) мин муггаги. Еци ахсгиаг гъуддаг исаразунæн æхцай фæрæзнитæ ба радех кодта, полигони хъæбæр хауæццæгтæ рекультиваци ка кодта, еци организаци. Æдеугурæй аци анзи райдайæнæй нæ республики цæугæдæнттæмæ уагъд æрцудæй кæсæлгити 100 мин бæдоли. Хъаспиаг лæсæг ба хаст æрцудæй Сурх киунугæмæ, æма уомæ гæсгæ бæдолæ кæсæлгитæ ахæссун не ’нгъезуй. 2023 анзи райдайæнæй уорæд æрцудæнцæ дууæ адæймаги, электрон хизæй кæсæлгитæ ахæссунбæл сосæггай ка архайдта, уæхæнттæ. Еци æгъдауихалгутæн закъони бундорбæл тæрхонгонд цæудзæнæй 5 анзи ахæстдони фæббадунæй.