09 майя 2024

АХУРАДÆ

13.04.2024 | 14:04

Цæгат Иристони 2022-2023 æнзти бантæстæй бундоронæй райаразун 66 еумæйагахурадон ахургæнæндони (ахур си кæнунцæ 30 мин сувæллонемæй фулдæр). Аци арфиаг куст æнхæстгонд цæудзæнæй – 2024-2026 æнзти  цалцæги федералон программæмæ хаст æрцудæнцæ нæ республики 51 еумæйагахурадон ахургæнæндони. Уой фæрци ауалдзæги райдæдтонцæ 25 скъолайеми бундорон цалцæги куститæ.

Ахургæнæндæнтти бæстихæйттæ бундоронæй исцалцæг кæнунæй уæлдай ма арæзт цæудзæнæнцæ мадзæлттæ уони нуриккон нæуæг ахурадон техникон фæрæзнитæй, ахурадон литературæй ефтонг кæнунæн.