09 майя 2024

АХУРАДÆ

05.08.2023 | 21:21

Ахури нæуæг анзи райдайæнмæ цæттæ кæнунцæ нæ республики ахургæнæндæнттæ. Нуртæккæ бундорон цалцæггонд цæунцæ 40 скъолай. Æдеугурæй ба капиталон æгъдауæй исцалцæг кæндзæнæнцæ 66 скъолай, уой туххæй уагъд æрцудæй 4 миллиард сомей бæрцæ. Иннæ анз дæр еци куст идарддæр æнхæстгонд цæудзæнæй. Уой туххæй Цæгат Иристонæн лæвæрд æрцæудзæнæй 2 миллиард соми, цæмæй ма дууæанзон цикли 2024-2025 æнзти цалцæггонд æрцæуонцæ 20 скъолай. Уомæй уæлдай ма дзубанди цæуй, цæмæй гъæугæ фæрæзнитæ дехгонд æрцæуа республикæн 2024-2026 æнзти дæр ма 76 скъолай исцалцæг кæнунæн, цæмæй нæ сабийтæ нуриккон æмбæлгæ уавæрти зонундзийнæдтæ есонцæ.