26 декабря 2024

АМАЛГЪОНАДÆ

27.01.2024 | 14:26

Национ проект «Минкъий æма рæстæмбес амалгъонади» нæ республикæ разæнгардæй ке архайуй, уой фæрци Цæгат Иристони амалгъонадæн агъази хузи лæвæрд æрцæудзæнæй 115 миллион соми.

Еци æхцай фулдæр хай бахарз кæндзæнæнцæ, байамонуни æма ахури лæггæдтæн амалгъонади гъуддаг хуæрзæрæги ка райдæдта æма фагæ флæтæрддзийнадæ кæмæ нæма ес, еци адæмæн. 2023 анзи амалгъонадæн агъази туххæй нæ республики сæрмагонд фонд исаразта сæдæ ахурадон мадзали, архайдтонцæ си дууæ мин амалгъоней бæрцæ, уæдта ма, еци куст райдайæни фæндæ кæмæ ес, етæ дæр.

Иронх нæ ’нцæ æригон, уæдта социалон, зæгъгæ, еци къуармæ ка хауй, еци амалгъон адæм дæр.