АРÆЗТАДÆ
19.08.2023 | 18:19
Алагири райони рæхги гъæуама бавналонцæ минкъий гидроэлектростанцæ «Фæранк» аразунмæ. Æ еумæйаг гъомусадæ уодзæнæй 4,8 мегаВольти æма электрон тухæй ефтонг кæндзæнæй дууæ минемæй фулдæр хæдзари. Куд нисангонд цæуй, уотемæй аци кустати фæрци республики бюджетмæ анзмæ æфтуйдзæнæй финддæс æма инсæй миллион соми. Гидроэлектростанций куст экологон æгъдауæй уодзæнæй æдасгонд.
Проектмæ гæсгæ исараздзæнæнцæ кæсæлгитæн бацæуæнтæ (ГЭС-и алфамбулай фæзуæттæ дони буни куд нæ фæууонцæ, уотæ). Уомæй уæлдай, гидроэлектростанцæй ист æфтуйаги хай бахарз кæндзæнæнцæ фæранкти нимæдзæ Иристони фæффулдæр кæнуни гъуддагбæл.