07 декабря 2024

АУОДУНДЗИЙНАДÆ

14.10.2023 | 13:01

Уæрæсей фæллойнæ æма социалон гъæуайкæнуйнади министр Антон Котяков куд зæгъуй, уотемæй рагагъоммæ бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, иннæ анзи маддæлон капитали сертификатти хецæуттæ исуодзæнæнцæ еу миллион бийнонтæй фулдæр. Уæдта маддæлон капитали бæрцæ 2023 анзи инфляций бæрæггæнæни бундорбæл индексацигонд æрцæудзæнæй. Нуртæккæ бюджети инфляций бæрæггæнæн æвæрд æй 7,5 процентей бæрцæ. Еци нимæдзи бундорбæл 2024 анзи маддæлон капитали бæрцæ гъæуама исуа 631 мин соми (фиццаг сувæллони райгурди фæдбæл) æма 834 мин соми (дуккаг сувæллони райгурди фæдбæл). Куд зонæн, уотемæй ниййерæги капитали туххæй федералон программæ Уæрæсей æнхæстгонд цæуй 2007 анзæй фæстæмæ.