БÆРÆГГÆНÆНТÆ ЗÆРДÆМÆДЗÆУГÆ РАУАДÆНЦÆ…
Уæхæн хатдзæгмæ ’рцудæнцæ, Уæрæсей Хецауади сæрдари хуæдæййевæг Дмитрий Чернышенкой разамундæй æрæги туризми райрæзти хецауадон къамисæн ци æмбурд адтæй, уоми. Архайдтонцæ си федералон министрадтæ æма ведомствити бæрнондæр разамонгутæ, видеобастдзийнади фæрци ба – Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис.
Æ радзубандий Дмитрий Чернышенко бæлвурд бæрæггæнæнтæй исаргъ кодта, национ проект «Туризм æма иуазæгуарзондзийнадæ» куд æнхæстгонд цæуй, уомæн.
Дзанайти Барис ба æ радзубандий фегъосун кодта, Цæгат Иристони туризми æнтæстгин райрæзти туххæй ци бантæстæй исаразун, æма ма ци исаразуйнаг æнцæ идарддæр, уой туххæй.
Зæгъун гъæуй уой, æма аци гъуддаг Цæгат Иристони куд æнхæстгонд цæуй, уобæл æрæги дзубанди цудæй нæ республики Парламенти хъæппæресæй арæзт парламентон байгъустити дæр. Уой фæдбæл æрмæг кæсетæ 3-аг фарсбæл.