09 майя 2024

БИЙНОНТИ АНЗ

20.04.2024 | 23:11

Еугуруæрæсеуон  конкурс «Это у нас семейное»-йи æрдæгкæронбæттæн еристæ 18-21 апърели рацæудзæнæнцæ сахар Ростови. Архайдзæнæнцæ си Цæгат Иристони минæвæрттæ дæр.

Уæлахездзаутæ æма призертæ исбæрæг уодзæнæнцæ 21 апърели. Етæ ба Цæгаткавказаг æма Хонсайраг федералон зилдтити номæй архайдзæнæнцæ  кæронбæттæни æркасти. Е уодзæнæй сæрди, æ уæлахездзаути нæмттæ ба исбæрæг уодзæнæнцæ бийнонти, уарзондзийнадæ æма еузæрдиуондзийнади Бони – 8 июли. Уæлахездзау 30 бийнонтемæн исаккаг кæндзæнæнцæ фæйнæ 5 миллион сомей аргъ цæрæнуатон сертификаттæ, кæронбæттæни архайæг 300 бийнонтемæн ба балæвар кæндзæнæнцæ туристон балцæгтæ.