ЦАРДГЪОНДЗИЙНАДÆ
08.06.2024 | 16:56
Уæрæсей статистикон управлени куд исбæлвурд кодта, уотемæй пенсий рацæугæй дæр косгæ ка кæнуй, уотемæй æртинсæй æма уомæй хестæр кари ка ‘й, уони бæрцæ ирæзгæ цæуй. Зæгъæн, 2019 анзи еци бæрцæ адтæй 4,58 миллион адæймаги, уæдæй фæстæмæ еци ирæзæги ирæзтæй æма 2023 анзи иссæй 5,73 миллион адæймаги. Экспертти хатдзæгтæмæ гæсгæ, каргун адæймæгути косун æнæбари багъæуй, уомæн æма пенсий рацæугæй син цæрунгъонæн фæрæзнитæ нæ фагæ кæнуй… Уой хæццæ ба ма еума æнæрастдзийнадæ – косæг пенсиесгутæ сæ фæллойнæй паддзахадæн кæд æма пайда хæссунцæ, уæд сæ е ба æфхуæрди бунати æвæруй: сæ пенситæ индексацигонд нæ цæунцæ…