ЦАУТÆ. ХАБÆРТТÆ. НИСАНТÆ.
Коррупций нихмæ тохи нисанеуæгæй нæ республики Сæргълæууæги рази арæзт управлени æрæги исаразта сæрмагонд ахуртæ. Архайдтонцæ си паддзахадон æма бунæттон хеунаффæйади оргæнти коррупцион цаутæ ма ’руадзунбæл архайæг косгутæ. Дзубанди си цудæй æфтуйæгти æма хæрзтæ бæлвурдгæнæн кампаний хецæндзийнæдти туххæй, уæлдай æргом си раздахтонцæ коррупций нихмæ закъонæвæруйнади фарстатæмæ.
* * *
Еумæйагахурадон ахургæнæндæнтти кълæстæн разамунд дæттæг ахургæнгутæн феддони бæрцæ фæффулдæр уодзæнæй 12 мин сомей уæнгæ. Уæхæн ахургæнгути бæрцæ ба ’й 2,5 миней бæрцæ.
* * *
Цæгатиристойнаг режиссер Колити Анатолийи æнхæстметражон кинонивæ «Авд сау гæгъæдий» («Семь черных бумаг»), хаст æрцудæй, Мæскуй æхсæнадæмон кинофестивали бавдесуйнаг ке ’нцæ, еци кинонивти хигъдмæ.
* * *
Сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг е ’фсæддон ихæстæ æхсаргинæй æнхæст кæнгæй ка фескъуæлхтæй, уони кадæн æрæги Гизæлмæ хæстæг Саудони билгæрæнтти арæзт æрцудæнцæ мотоциклетон спорти хузæй Цæгат Иристони игон чемпионат æма Цæгат-Кавказаг федералон зилди Кубок рамолуни еристæ. Уæлахездзаутæ æма призон бунæттæ ка байахæста, етæ хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ майдантæй, кубоктæ, дипломтæ æма сæрмагонд лæвæрттæй.
* * *
Зундгонд композитор, дирижер, ахургæнæг, фольклорист, национ оркестртæ æма ансамбльтæ исаразæг Галати Александри фурт Бариси райгурдбæл 10 мартъий исæнхæст æй финддæс æма æхсæзинсæй анзи (1889-1974). Аци номдзуд адæймаги номерæнæн æрæги республикон Национ киунугæдони арæзт æрцудæй мадзал «Æмбурдгонд «Ирон адæмон зартæ» – дуйнеуон этномузыкологий æма Иристони культурон бунти хæзна».
* * *
Дæс æма инсæй коллективи кæми архайдтонцæ, хореографион аййевади уæхæн конкурс æрæги арæзт æрцудæй Сочий. Еци агъазиау исфæлдистадон еристи лауреат иссæй Цæгат Иристони минæвар – адæмон кафти дæнцæн ансамбль «Хуæнхти сувæллæнттæ» («Дети гор»). Иристойнаг æригон кафгутæ фондз дипломи райстонцæ конкурси фондз хуземи. Ансамбли аййевадон разамонæг æй Уæрæсей Федераций Культури æскъуæлхт архайæг Козати Станислав.