21 ноября 2024

ЦИ НОМÆЙ ДÆМÆ БАДЗОРОН…

08.06.2024 | 16:59

Нæдтæбæл цæуни æдасдзийнадæмæ цæстдарæг къабазæ советон доги хундтæй «Паддзахадон автоинспекци», арæзт ба æрцудæй 1936 анзи 3 июли. Советон Цæдеси фехæлди фæсте ба «нæуæг цардаразгутæ» аци къабази ном раййивтонцæ, исхудтонцæ ‘й нæдтæбæл цæуни æдасдзийнади Паддзахадон инспекци (ГИБДД). Уæдæй кæд 36 анзи рацудæй, уæддæр æй адæм хонунцæ æ раздæри номæй. Нæ зонæн, уой туххæй æви æндæр цæмæдæр гæсгæ, фал æрæги хаст æрцудæй унаффæ æма аци службæ амæй фæстæмæ бабæй хундзæнæй Паддзахадон автоинспекци (ГАИ). Цума еци номæййивд уæддæр еуцæйбæрцæдæр хуæрзæрдæмæ фæззиндзæнæй автоинспекций кустбæл? Кæсдзинан…