08 майя 2024

ЕРИСТÆ

25.11.2023 | 22:44

Цæгат Иристони уæлдæр ахургæнæндæнттæй VIII олимпиадæ «Я – профессионал»-и архайунмæ сæ курдиæдтæ балæвардтонцæ 2857 студенти. Еци конкурс æй Уæрæсей Президенти платформæ «Уæрæсе – гæнæнти бæстæ»-йи проект, царди уагъд цæуй нæ бæсти уæлдæр ахурадæ æма науки Министради агъазæй.

Олимпиадæ «Я – профессионал»-и архайуни фæндæй нæ республики студенттæ устурдæр æргом раздахтонцæ уæхæн къабæзтæмæ, куд «Педагогон ахурадæ (сæйраг)», «Экономикæ» æма «Педагогон ахурадæ  (скъолай агъоммæ)». Нур олимпиади кæронбæттæни архайунмæ равзардзæнæнцæ хуæздæрти. Етæ исбæрæг уодзæнæнцæ 3 декабри.