08 майя 2024

ЕУГУРУÆРÆСЕУОН РАВДИСТ

30.09.2023 | 21:23

Цæгат Иристони адæмон аййевади къабази  сæдемæй фулдæр архайæги сæ алæмæти куститæ æвдесдзæнæнцæ форум-равдист «Уæрæсе»-йи, кæци рæхги байгон уодзæнæй Мæскуй Адæмон хæдзаради æнтæстдзийнæдти равдисти æма рахæсдзæнæй иннæ анзи 12 апърели уæнгæ. Еци кустити, еуæрдигæй,  зиннунцæ нæ адæми истори, культурæ, традицитæ, иннердигæй ба – нуриккон рахаст нæ культурон, исфæлдистадон бунтæмæ. Цæгат Иристони минæвæрттæ архайдзæнæнцæ, форум-равдисти рæстæг ци аллихузон мадзæлттæ арæзт цæудзæнæй, уонæми – зæгъæн, спорти, культури, туризми æма æндæр къабæзти къуæрети.