ФӔЛЛОЙНӔ КӔНУН КА НӔ УАРЗУЙ, Е ӔХЕ НӔ УАРЗУЙ!..
11.11.2021 | 10:23
Нӕ номдзуд ахургонд ИСАТИ Мӕхӕмӕт (1900-2001) ӕ киунугӕ «Васо Абаев»-и уотӕ финста: «Абайти Васой зӕрди Къоста ахӕссуй сӕрмагонд, кӕд уотӕ зӕгъӕн ес, уӕдта – фиццаг бунат. Фал ахургонди ку бафарстӕуа, ӕма си уӕд дуккаг бунат ба ка ахӕссуй, зӕгъгӕ, уӕдта, ӕвӕдзи, ӕнӕмӕнгӕ нӕ иннӕ дессаги дзурди дӕсни – Малити Геуӕргий ном зӕгъидӕ…»