04 октября 2024

ФОРУМ

03.06.2023 | 21:43

Зундгонд куд æй, уотемæй 14-17 июни Санкт-Петербурги уодзæнæй XXVI дуйнеуон экономикон форум. Уоми архайдзæнæй Цæгат Иристони делегаци дæр, æ разамонæг нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло, уотемæй. Цæгат Иристонæн форуми уодзæнæй æхе сæрмагонд стенд. Уоми æвдист цæудзæнæй информаци региони ахсгиагдæр къабæзтæ – промышленность, инвестицитæ, туризм, агропромышленнон комплекс æма æндæрти туххæй. Стенди сæйрагдæр бунат – 87 квадратон метри байахæсдзæнæй туристон кластер «Аланистони хорæфсæст ронæ».  Форуми архайуни сæйрагдæр нисан æй, куд гæнæн ес, уотæ фулдæр проекттæ – инвестицион, туристон, промышленнон, гъæууонхæдзарадон къабæзти – уæрæхæй равдесун.