11 октября 2024

ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ

22.07.2023 | 12:46

Цæгат Иристони аци анзи фиццаг æмбеси слестгæнæг управлений æрмæгутæмæ гæсгæ коррупцион архайди фæдбæл арæзт æрцудæй 98 уголовон гъуддаги, уонæй 31 рарвистонцæ тæрхондæнттæмæ. Коррупцион фудракæндти туххæй уголовон æгъдауæй дзуапп агурд æрцæудзæнæй 12 бæрнон бунатилæуд адæймаги. Куд бæрæггонд æрцудæй, уотемæй коррупцион фудракæндтити зæран иссæй 674,3 миллион соми.

* * *

Дзæуæгигъæуи арæзт æрцудæй зæрдæмæдзæугæ мадзал «Хуарздзийнади дзаумауауиндзæн». Исаразтонцæ ’й сувæллæнтти æма фæсевæди Еугуруæрæсеуон æзмæлд «Фиццæгти Æзмæлд» æма нæ республики сувæллæнтти æма æнагъонти организацити Цæдес. Берæсувæллонгин æма æвæрæз бийнонтæбæл байуаруни нисанеуæгæй сувæллæнттæ скъолати ци уæледарæс æрæмбурд кодтонцæ, уони сæхуæдтæ барæвдзæ кодтонцæ хузæнонæй. Æдеугурæй байуарунæн æрцæттæ кодтонцæ уæледарæси, къахидарæси, сæрбæлдаргæ дзаумæутти 35 голлаги.

* * *

Нæ республики цæргутæ агъазиау федералон наукон медицинон центртæй телевизион медицинон унаффитæ райсуни фадуатæй парахатæй пайда кæнунцæ. Нерæнгæ бал еци равги фæрци æнхæстгонд æрцудæй 1826 унаффи. Аци мадзал уомæй хуарз æй, æма диагноз исбæлвурд кæнун, уæдта дзæбæхкæнуйнади альтернативон гæнæнтæ байагорун ку багъæуй, уæд адæм амунд технологитæй испайда кæнунцæ, сæйгитæн ба аци æууæл нимад æй, регионтæй нæ рандæ уогæй, бæсти раззагдæр специалисттæй унаффитæ райсуни фадуатбæл.

* * *

Нуртæккæ Чиколай ци физкультурон-æнæнезгæнæн комплекс арæзт цæуй, уоми арæзтадон куститæ фæуун нисан кæнунцæ аци анзи сентябри райдайæнмæ. Комплекси еумæйаг фæзуат æй 5000 квадратон метри.

* * *

Анзи райдайæнæй нæ республики æрцудæй 522 иссугъди, сæ фулдæр рауадæнцæ æдзæрæг рауæнти. Еци цаути фæммард æй дууæ адæймаги, зингфæдесон-ервæзунгæнæг дæлхайæдти косгутæ си фæййервæзун кодтонцæ еуæндæс, æдас рауæнтæмæ ба ракодтонцæ 876 адæймаги.